Туризм фæзынд: Хуссар Ирмæ цæуынц Европæ æмæ Америкæйæ

© Из архива Гурама КарсановаХуссар Ирмæ цæуынц Европæ æмæ Америкæйæ
Хуссар Ирмæ цæуынц Европæ æмæ Америкæйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фирмæ "Карсан-тур"ы хицау Карсанты Гурам нымайы, хуыздæр фæстиуджытæ кæй равдисит инфраструктурæйы размæцыд æмæ этнохъæуты фæзынд

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Нæ республикæйы культурæ, æрдз æмæ æгъдæуттæ цымыдисон сты канд уæрæсейаг бæлцæттæн нæ, фæлæ ма Европæ æмæ АИШ-ы цæрджытæн дæр, туризмы размæцыд къуыхцы кæны мæгуырау инфраструктурæ, загъта Sputnik Хуссар Иры туристон фирма "Карсан-тур"-ы бардарæг Карсанты Гурам.

Туризмы æппæтдунейон бон нысан цæуы 27 сентябры. Хуссар Иры туризмы фадыджы иууыл зындгонддæр у фирмæ "Карсан-тур". Уый балцытæ аразы Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты.

"Фæстаг æзты уавæр фенкъуыст. Туризм фæзынд. Ӕрмæст Уæрæсейы æмбæстаг нæ цæуы Хуссар Ирмæ балцы, фæлæ ма Европæйы бæстæтæ æмæ АИШ-ы цæрджытæ дæр. Нырма нæй фаг уазæгдæттæ, хъæуы кæцыдæр историон цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæнын æмæ сцæттæ кæнын культурон нывæзт, скæнын этнохъæутæ, цы ран уазджытæн фадат уаид архайын национ къæбицы хæринæгтæ кæнын æмæ мигæнæнтæ аразын", - загъта Карсанты Гурам.

Карсанты Гурамы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ир нырма туристтæй кæй не ʻсфæлмæцыд, уымæй дæр æлхæны бæлцæтты зæрдæтæ.

Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл

"Хуссар Иры цæрæг æрцæуæгмæ "æхцадоны" цæстæнгасæй кæй нæ кæсы, фæлæ йыл уазæгау кæй æмбæлы, уый сын сæ зæрдæ тынг æлхæны. Уыимæ иумæ ахæм хъуыды, ома горæты тыхзмæлдæй цы адæм бафæллайынц, уыдоны уавæртæ нæ хъæуы, уый дæр раст нæу", - дзуры уый.

Хуссар Иры туризм фæстаг æзты æрмæст сæрдыгон фæзынд нæу, фæлæ ссис æрвылафон, бафтыдта ма хуссарирыстойнаг гид.

"Архайын туризм скæнын æрвылафонон æмæ мын цадæггай æнтысы. Октябры æнхъæлмæ кæсын æхсæннационалон къордмæ – уыдзысты Латви, Швеци æмæ Словакийы минæвæрттæ", - бафтыдта Карсанты Гурам.

Туризмы размæцыдыл дзурæг у, экскурсоводы гуырахст куыд фылдæр кæны, уый дæр. "Карсан-тур" æнхъары балцытæ æмæ экскурсоводты лæггæдтæ. Уыимæ иумæ ма йæ хицау архайы бакæнын лæггæдтæ "все включено" - сæ нымæцы уазæгдон, балцытæ, экскурсовод æмæ тæлмацгæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0