Ирон сумоист Хъараты Аланӕн сараздзысты операци Германийы

© RuspekhХъараты Алан
Хъараты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмены аластой Цӕгат Кавказы бирӕпрофилон медицинон центрмӕ уӕззау уавӕры январы

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Зындгонд ирон спортсмен, дунейы авд хатты чемпион сумойӕ ӕмӕ фондз хатты чемпион армрестлингӕй Хъараты Алан атахт хоскӕнынмӕ Германимӕ, хъусын кӕны "Осетия-Ирыстон".

Хъараты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар æмæ Цæгат Иры социалон хызæгты æмбырд кæнынц æхца Хъараты Аланæн операцийæн

Хъараты Аланы аластой Цӕгат Кавказы бирӕпрофилон медицинон центрмӕ уӕззау уавӕры январы. Дохтыртӕ йын сарӕзтой ӕртӕ уӕззау операцийы, сӕ нымӕцы хирургон операци зӕрдӕйыл, кӕцы цыд 16 сахаты.

Уый фӕстӕ спортсмены уавӕр фӕхуыздӕр ис ӕмӕ йӕ дохтыртӕ цӕттӕ кодтой рафысынмӕ. Фӕлӕ медиктӕ сбӕрӕг кодтой ног зындзинӕдтӕ йе 'нӕниздзинадимӕ. Аланӕн баххуыс кодтаит зынаргъ операци, кӕцы ауадзыныл сразы сты Германийы рынчындӕттӕй иуы дохтыртӕ. Спортсмены бинонтӕ бадзырдтой алкӕмӕдӕр, кӕмӕн ис фадат, цӕмӕй сын баххуыс кӕной фæрæзтæ ӕрӕмбырд кӕнынæн.

Иумӕйаг тыхтӕй ӕмбӕлон суммӕ ӕрӕмбырд ис – авд милуан сомы дӕттынц ныфс спортсменӕн схос кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0