https://sputnik-ossetia.com/20191018/Khussarirystoynag-zarggng-khayad-raysdzn-vokalon-konkurs-Golos-Osetii-yy-9436175.html
Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы
Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Конкурс "Голос Осетии"-йы фарсыл Instagram-ы 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр... 18.10.2019 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2019-10-18T14:05+0300
2019-10-18T14:05+0300
2019-10-18T14:37+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/836/08/8360866_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_41a0dee932a93833932a1fc7ece77130.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2019
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/836/08/8360866_215:0:1655:1080_1920x0_80_0_0_939298786e808e18cd9da5ca88680cb1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, культурӕ
Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы
14:05 18.10.2019 (Ранӕуӕггонд: 14:37 18.10.2019) Конкурс "Голос Осетии"-йы фарсыл Instagram-ы 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр нымæц æрæмбырд кæнын
ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба хайад райсдзæн Цæгат Ирыстоны вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы. Ӕвзарæн этап цæудзæн адæмон æвзæрсты руаджы социалон хызæджы, фехъусын кодта Sputnik зарæггæнæг йæхæдæг.
Конкурс "Голос Осетии"-ы фарсыл Instagram-ы, 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр нымæц æрæмбырд кæнын.
"Конкурсы æвзарæн этап цæудзæн Instagram-ы "Голос Осетии"-йы фарсыл. Архайджытæй фылдæр лайктæ чи æрæмбырд кæна, уыдонæй 40 рацæудзысты æвзæрст. Йæ финалон хай цæудзæн Дыгуры комы улæфæндæттæй иуы, уым æртæ боны дæргъы архайджытæн амондзысты вокал æмæ хореографи", - радзырдта Люба.
Джиоты Люба у ХИПУ студенткæ, "ЮОГУ-ТВ"-й кусæг. Чызг æрæджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА". Хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ. Уый фæстæ цыбыр æмгъуыдмæ йæ конкурсон зарджытæ ссисты уарзон Ирыстоны дыууæ хайы дæр – зæлынц радиотæ, хæдтулгæтæ, телефонтæй.