ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан дæргъвæтин фæурæды фæстæ æздæхы ерыстæм. Риойы триумфатор сног кæндзæн ерысты хайадист Грозныйы æхсæнадæмон турнирæй, радзырдта йæ тренер Мæргъиты Анатолий "Градус Осетии"-æн йæ интервьюйы.
Номдзыд ирон спортсмен дæргъвæтин рæстæг рахауд ерыстæй - Рæмонаты Сосланæн фæзынд йæ æнæниздзинадимæ проблемæтæ.
"Уæззау уникалон операцийы фæстæ, кæцы сæрæзта нæ номдзыд нейрохирург Дзукъаты Дмитрий, Сослан раздæхт тренировкæтæм. Ныридæгæн йæхи рæвдз кæны Грозныйы æхсæнадæмон турнирмæ, цы ран иууыл фылдæр ауадздзæн æртæ фембæлды. Уый фæстæ та æххæстæй тох кæндзæн Нефтеюганскы æхсæнадæмон турниры. Уый фæстæ та фæнд кæнæм райсын хайад Андиаты Сосланы æмæ "Аланы"-йы турнирты", - загъта тренер.
Тренеры ныхæстæм гæсгæ, спортсмен дарддæр архайдзæн олимпиаг хъæзтыты цы уæзы расгуыхт, уым.
"Сосланы уæз ныр у 70 кг, фæлæ тох кæндзæн 65 кг уæзы. Операцийы фæстæ Сослан йæ тыхы цæуы. Раздæхтис йæм йæ сæйраг уæлидзинад – тагъддзинад", - загъта Мæргъиты Анатолий.