Кæдæй-уæдæй: Хъайтарты уынджы 118-æм кæлæддзаг хæдзары бынаты самайдзысты ног

© Sputnik / Максим Авдеев /  Ахизын медиабанкмæХъайтарты уынджы 118-æм кæлæддзаг хæдзары бынаты самайдзысты ног
Хъайтарты уынджы 118-æм кæлæддзаг хæдзары бынаты самайдзысты ног - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъайтарты уынджы 118-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ 2008 азæй фæстæмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын сæ бæстыхай сцалцæг кæной

ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы Хъайтарты уынджы 118-æм аварион хæдзары бынаты самайдзысты ног нырыккон бæстыхай. Уый тыххæй хæдзары цæрджытæн фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий, сæ кæртмæ уазæгуаты бацæугæйæ.

Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары цӕрджытӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй цӕрынц тасы бын

Хъайтарты уынджы 118-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ 2008 азæй фæстæмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын сæ бæстыхай сцалцæг кæной. Хæдзары уавæр сбæрæг кæныны тыххæй Арæзтады министрады хъæппæрисæй иу æмæ дыууæ хатты хуынд не "рцыд Цæгат Ирыстонæй экспертон къамис. Уыдон-иу æрвылхатт дæр радтой ахæм хатдзæг, ома, хæдзар у аварион æмæ йын сцалцæггæнæн нал ис.

Ныр цæрджытæн лæвæрд цæуы фадат Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы ног хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уырдæм ацæуын цæрынмæ, науæд та рæстæгмæ цæрæнуат ссарын.

"Цæрджытæн хицауад бар дæтты, цæмæй равзарой, цæрынæн сæм хуыздæр кæм кæсы, уыцы бынат. 2021-æм азы арæзт фæуыдзæн уæ хæдзар. Уым баззайын кæй фæнды, уыдон рæстæгмæ цæрæн бынат хъуамæ ссарой, науæд та Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы ног хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уырдæм ацæуой цæрынмæ", - загъта паддзахады сæргълæууæг цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.

Хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ардæм æрбалыгъдысты 1983 азы æмæ кæд уый стыр æмгъуыд нæу, уæддæр сæ корпус ныртæккæ ис æдзæллаг уавæры.

Ленингор, сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хуссар хайы самайдзысты сабидон æмæ бирæуæладзыгон хæдзар

2008 азы хæсты Гуырдзыстоны хотыхджын æфсæдтæ уæззау артиллерийы æхстыты бын фæкодтой бирæуæладзыгон хæдзары. Цы 60 фатеры дзы ис, уыдонæй басыгъд 17.

Хæсты фæстæ æндидзынгæнæн куыстытæм куы бавнæлдтой, уæд æрывнæлдтой ацы хæдзары æмбæрзт раивынмæ дæр. Фæлæ куыстытæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ ныддаргъ сты æмæ бирæ рæстæг баззад æнæнмбæрзтæй. Къæвдайы дæттæ фæцыдысты фатертыл æмæ тынг разин кодтой, хæстæй ма цы фатертæ аззадысты æнæхъыгдард, уыдоны дæр. Афтæ сæ цардысты сæ хицæуттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0