Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© fotoliaИрыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры
Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Финалон тохы 100 килограмм уӕзы категорийы Багаты Нодар рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Багаты Нодар рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕпптуӕрӕсейон ерысты дзюдойӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

© 15-й регионДзюдоист Багаты Нодар
Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзюдоист Багаты Нодар

Ерыстӕ, кӕцытӕ уыдысты нывонд ССРЦ сгуыхт тренер Владлен Андреевӕн, ацыдысты Мӕскуыйы.

Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы Сабырадон Кавказ-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы

Финалон тохы 100 килограмм уӕзы категорийы Багаты Нодар рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ Александр Антоновы.

Багаты Нодар цӕттӕ кодта ерыстӕм Айларты Ирбег ӕмӕ Хъесаты Сергейы къудариуӕгады бын.

Владлен Андреев у советон самбист, тренер, Мӕскуыйы самбойы федерацийы разамонӕг. Андреевы къухдариуӕгады бын сарӕзтӕуыд ССРЦ фыццаг командӕ дзюдойӕ. Бӕстӕйы сӕйраг тренеры бынаты Андреев цӕттӕ кодта спортсменты ӕртӕ Олипиадӕ, фондз дунейы чемпионат ӕмӕ 14 Европӕйы чемпионатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0