ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Нальчикы турнирты ӕмӕ рамбылдтой 26 майданы. Уый тыххӕй хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ республикӕйы эстетикон ӕмӕ аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Земайыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Дзӕуджыхъӕуы ӕвзонг гимнасткӕтӕ рамбылдтой 4 сыгъзӕрин, 3 ӕвзист ӕмӕ 3 бронзӕйон майданы. Нальчикы "Хӕххон зӕрватыкк" ерысты спортсменкӕтӕ рамбылдтой ноджы 10 сыгъзӕрин, 4 ӕвзист ӕмӕ 2 бронзӕйон майданы.
Хуссарирыстойнаг спортсменкӕтӕ ерысты хайад райстой РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕххуысӕй.
Амӕйразмӕ гимнасткӕтӕ Хуссар Ирыстонӕй райстой иууыл бӕрзонддӕр баллтӕ Краснодары уагъд цӕуӕг турнир "Хрустальная туфелька - 2019"-ы.