Тотчиты Георгий фехъусын кодта Социалон фӕдзӕхсты фонды арӕзтады ӕмгъуыд

© Sputnik / Наталья АйриянТотчиты Георгий
Тотчиты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фонды арӕзтады фӕдыл кусӕгон къорд ӕмбӕлдзӕн мӕй иу хатт, цӕмӕй ӕрныхас кӕной куырдиӕттыл

ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Тотчиты Георгий банысан кодта, республикӕйы ӕрдӕг азмӕ кӕй балхынцъ уыдзӕн Социалон фӕдзӕхсты фонды арӕзтад. Уый тыххӕй уый фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ӕнӕмӕнг социалон фӕдзӕхст сорганизаци кӕныны фӕдыл ӕхсӕнуагдонон кусӕгон къорды рабадты рӕстӕджы.

Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Законтӕ ӕмӕ программӕтӕ: Хуссар Иры парламент райсдзӕн законтӕ медицинӕйы фадыджы

"Мах ӕркастыстӕм республикӕйы Социалон фӕдзӕхсты фонды арӕзтады фарстмӕ Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы уынаффӕмӕ гӕсгӕ сарӕзтӕуыд кусӕгон къорд, цӕмӕй ӕрныхас кӕной куырдиӕттыл", - банысан кодта Тотчиты Георгий.

Фонды арӕзтады фӕдыл кусӕгон къорд ӕмбӕлдзӕн мӕй иу хатт, цӕмӕй ӕрныхас кӕной куырдиӕттыл.

Ӕхсӕнуагдонон кусӕгон къорды сконды сты финансты министр Хӕбӕлаты Аза, пенсион фонды разамонӕг Тасойты Аза, хицауады сӕрдары ӕххуысгӕнӕг Коцты Уырызмӕг, хицауады аппараты барадон хайады хистӕры хӕдивӕг Кокойты Руслан ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ, республикӕйы дыууӕ азмӕ хъуамӕ саразой ӕнӕмӕнг социалон фӕдзӕхсты системӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0