Хуссар Иры президент ӕддагон разӕсгарсты тыххӕй: иууыл эффективондӕр структурӕтӕй сӕ иу

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент Бибылты Анатолий
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕддагон разӕсгарӕн службӕ ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ сӕвзӕрдыл 16 азы сӕххӕст. Ацы датӕйы фӕдыл службӕйы кусджытӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕддагон разӕсгарӕн службӕ (ӔРС) у иууыл эффективондӕр структурӕтӕй сӕ иу, кӕцы хӕссы стыр хайбавӕрд республикӕйы паддзахадон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынмӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы ӔРС кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн, кӕцытӕ ӕртыццӕджы нысан кӕнынц уагдоны сӕвзӕрдыл 16 азы сӕххӕст.

Анатолий Бибилов присвоил звание генерал-майора Руководителю Службы внешней разведки Алексею Варзиеву - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы сӕргълӕууӕгӕн радтой инӕлары ном

"Ӕддагон разӕсгарӕн службӕ хъахъхъӕны Хуссар Ирыстоны национ интерестӕ, афтӕ ма йӕ суверенитет дӕр. ӔРС кусджытӕ алыхатт дӕр цӕсгомджын ӕмӕ профессионалон ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныг разӕсгарджытӕн цӕсгомджын ӕмӕ намысджын куысты тыххӕй ӕмӕ фидарӕй загъта, сӕ стыр профессионализмы руаджы дарддӕр эффективон ӕххӕст кӕй кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0