Хуссар Иры нысан кӕнынц Ӕфсӕддон разӕсгарӕджы бон

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры нысан кӕнынц Ӕфсӕддон разӕсгарӕджы бон
Хуссар Иры нысан кӕнынц Ӕфсӕддон разӕсгарӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разӕсгарӕн батальон рацарӕзтой Сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты нысан кӕнынц ӕфсӕддон разӕсгарӕджы бон дыццӕджы, 5 ноябры. Республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады пресс-секретарь куыд нысан кӕны, афтӕмӕй министрады ацӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ.

"Хуссар Ирыстоны историйы райрӕзты ӕфсӕддон разӕсгарӕн хайадӕн ис ахсджиаг бынат, уыдон бахастой стыр хайбавӕрд ӕвзонг паддзахады националон интерестӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Ӕфсӕддон разӕсгарджыты архайды руаджы Хуссар Ирыстонӕн бантыст бахъахъхъӕнын йӕ хӕдбардзинад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ӕфсӕддон разӕсгарсты истори райдыдта 90-ӕм ӕзты. Бындур ын ӕрӕвӕрдтой хӕдӕфсады къордты уӕнгтӕ. Фидауынгӕнӕг батальоны разӕсгарӕн ротӕ арӕзт цыд Джиоты Аланы хъусдарды бын. Ротӕйы скондмӕ бахызтысты ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ уыдысты иууыл хуыздӕр цӕттӕ ӕмӕ сын уыд стыр фӕлтӕрддзинад.

Хуссар Иры ӕфсады службӕ ссис популярондӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсады службӕ ссис популярондӕр, фехъусын кодта ӕфсӕддон комиссар

Хуссар Ирыстоны разӕсгарджыты фылдӕр хай хайад райста Абхаз ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хӕсты. 1995 азы октябры хъахъӕнынады министр Хуыбылты Валерийы барамындӕй разӕсгарӕн къорд ракодтой фидауынгӕнӕг тыхты скондӕй ӕмӕ йӕ бахастой Хъахъхъӕнынады министрады структурӕмӕ.

2003 азы июлы, Гуырдзыстоны агресси фӕтыхджындӕры тыххӕй хъахъхъӕнынадон уагдоны Сӕрмагонд нысаниуӕджы ротӕ рацарӕзтой хицӕн разӕсгарӕн батальонмӕ. Йӕ фыццаг командӕгӕнӕг уыд майор Гассеты Ибрагим, кӕцы ныр у хъахъхъӕнынады министр.

Ацы аз Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разӕсгарӕн батальон рацарӕзтой Сӕрмагонд нысаниуӕджы батальонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0