Гуырдзы нæ улæныл: паддзахадон радио нæ кусы æртæ мæйы

Рафыссын
Бастдзинады комитеты хистæр Джиголаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн куыст цæуы зæронд передатчик сцалцæг кæныныл, ногæн нырма фæрæзтæ хицæн не ʻрцыдысты

ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны информацион-музыкалон радио "Ир"–ы улæн 102,3 бацахста Гуырдзыстоны радиостанцтæй иу. Радиомæхъусджыты уарзон улæныл ныр хъуысы гуырдзиаг зарджытæ æмæ ныхас. Радиойы фидиуæны фарст аскъуыддзаг кæнын неʻнтысы ныр æртæ мæйæ фылдæр.

Работа на радио всегда кипит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радио "Ир-FM" исы арфæтæ йæ 85 азы юбилейы фæдыл

Радио "Ир"-ы фидиуæны куысты зыгъуыдтытæ фæзынд августы райдайæны. Уæд проблемон фарст аскъуыддзаг кæныныл уынаффæ цыд мыхуыр æмæ информаци, стæй ма бастдзинады комитетты разамонджыты ʻхсæн, радиойы хистæры хайадистæй. Проблема ахызт суанг паддзахады разамонæджы онг.

Ныхас цыд йæ куысты æмгъуыд цы сигналдæттæн ифтонгадæн фæцис, уый ногæй самал кæнын. Уæд хъусын кодтой, уый кæй аххæсдзæн æрмæст горæт æмæ Цхинвалы районы иу хайыл. Йæ аргъ ын хуыдтой 300 мин онг, уый фæстæ та фæнд кодтой самал кæнын ноджы æртæ, цæмæй æппæт республикæйы радиойы сигнал хъуыса.

"Нæ хæс у гъæдджын продукт дæттын эфиры æмæ мах цæттæ стæм кусынмæ. Ног алæвæрттæ, ног амонджытæ æмæ ног хъуыдытæ нæм ис - æнхъæлмæ кæсæм радиойы скусынмæ", - загъта радиойы директор Цхуырбаты Алан.

Уæдмæ уал радиомæхъусджытæ агурынц сæхицæн ног радиоалæвæрттæ.

"Куысты æмæ машинæйы хъуыстон æппынæдзух радиойы эфиры музыкæтæм. Хъыгагæн, 102,3 ныр æрцахсы æрмæст гуырдзиаг ныхас", - зæгъы Гарик.

Ныридæгæн радиойы райсомы службæ сæ алвæрд уадзынц паддзахадон телеуынынады эфиры.

"Ӕппынæдзух хъуыстон радио "Ир"-мæ, арæх архайдтон сæ викторинæты. Ныр та сæм фыр мондагæй телевизорæй кæсын", - зæгъы радиомæхъусæг Этери.

Дзыллон информацион фæрæз кæд скусдзæн уый фидарæй нырма бæрæг нæу.

Sputnik Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал фехъуыста: радио Sputnik Хуссар Ирыстон рахызт комкоммӕ эфирмӕ

"Передатчик базæронд. Радиойы æнæрлæугæ куыстæй æппæт республикæйы тыгъдады бацахсынæн хъæуы цыппар ахæм передатчикы. Информаци æмæ бастдзинады комитетты разамонджыты æмæ радиойы хистæр проблемæ фехъусын кодтой паддзахады разамонæгæн, президент нын ныфс бавæрдта сæ самал кæнынæй", - загъта Sputnik паддзахадон информацийы комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Бастдзинады комитеты хистæр Джиголаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн куыст цæуы зæронд передатчик сцалцæг кæныныл, ногæн нырма фæрæзтæ хицæн не ʻрцыдысты.

"Специалисттæ кусынц, ацы дыууæ боны бæрæг уыдзæн сигнал цы передатчик дæтты, уымæн ма саразæн ис æви нæ", - загъта уый.

Радио "Ир" у республикæйы иууыл рагондæр дзыллон информацийы фæрæзтæй иу - фыццаг хатт айзӕлд 1932 азы 11 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0