Бибылты Анатолий Хуссар Иры фыццаг президенты тыххæй: æцæг патриот

© Sputnik / Анна КабисоваЦыбырты Людвиг
Цыбырты Людвиг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ политик æмæ ахуыргонд Цыбырты Людвигыл дыццæджы, 19 ноябры, сæххæст ис 87 азы. Уый Хуссар Иры ног историмæ бацыд куыд хæдбар æвзонг бæстæйы фыццаг президент

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолий арвыста арфæйы тел республикæйы фыццаг президент, профессор Цыбырты Людвиджы номыл йæ райгуырæн боны цытæн.

Цыбырты Людвиг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фыццаг президент нысан кæны йæ райгуырæн бон

"Стыр æхсызгонæй дын арфæ кæнын æмæ бузныг зæгъын дæ бирæазон фæллæйтты тыххæй райгуырæн Ирыстоны хæрзæбонæн. Дæ биографийæ бæрæг у, кæй дæ æцæг патриот, хъаруджын æмæ хъæбатыр адæймаг, кæцы зоны йæ разы æвæргæ нысæнттæ сæттын", - дзырдæуы арфæйы телы.

Бибылты Анатолийы цæст ма бауарзта раздæры президентæн фидар æнæниздзинад æмæ абухгæ энерги.

Хуссар Иры фыццаг президент Цыбырты Людвиг райгуырд Цхинвалы районы Зары хъæуы, уым каст фæцис астæуккаг скъола, ахуырадон уагдон абон хæссы йæ дзæнæттаг чызг Маринайы рухс ном.

Фидæны президент йæ балц стыр политикæмæ райдыдта 1993 азы, уый ссис Хуссар Иры Уæлдæр советы сæрдар. 1996 азы 10 ноябры æвзæрст æрцыд Хуссар Иры президентæй. Паддзахады разамонæджы бынаты уыд 1996—2001 æзты.

Ног хабӕртты лентӕ
0