ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Телеалӕвӕрдтӕ, хъайтардзинады уроктӕ, спектакль, бӕрӕгбонон ӕмбырд ӕмӕ митинг – Хуссар Ирыстоны ӕнӕхъӕн къуыри уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бонӕн.
Мысӕн датӕ снысан кодтой 1989 азы 23 ноябры цауты цытӕн, уӕд Цхинвалы цӕрджытӕ сӕхгӕдтой фӕндаг гуырдзиаг националисттӕн, кӕцытӕ фӕнд кодтой бабырсын Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ.
"Паддзахадон телеуынынад бацӕттӕ кодта телеалӕвӕрдты сери, кӕцытӕ баст сты ацы датӕимӕ. Афтӕ ма скъолаты уагъд цӕуынц хъайтардзинады уроктӕ, кӕцыты рӕстӕджы ахуыргӕнинӕгтӕн дзурынц Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты сгуыхтдзинӕдты тыххӕй", - хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны президенты администраци.
Киноконцертон зал "Чермен"-ы 22 ноябры ацӕудзӕн бӕрӕгбонон ӕмбырд ӕмӕ концерт. Уыцы бон ма Паддзахадон драмон театры сценӕйыл равдисдзысты спектакль "Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ".
Сабаты, 23 ноябры, Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ бацӕуӕны, сӕвӕрдзысты дидинджытӕ мысӕн дурмӕ.
Хуссар Ирыстоны 23 ноябры банысан кӕндзысты Хъайтардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады бон. Уыцы бон 1989 азы Цхинвалы цӕрджытӕ сӕхгӕдтой фӕндаг гуырдзиаг националисттӕн, кӕцытӕ фӕнд кодтой бабырсын Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ. Датӕ нымад цӕуы республикӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл тохы райдайӕныл.
2016 азы ацы датӕ бахастой бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ.