ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд сывæллæтты фысджыты чингуыты презентаци. Сæ аргъæуты æмбырдгæндтæ æхсæнадæн бавдыстой Бекъойты Майæ æмæ Джиккайты Бэлла.
Мазал ацыд мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры, кæцыйы мыхуыры нывæзты фæлгтæтты чинuуытæ федтой рухс.
Сывæллæтты фыссæг Джиккайты Бэллайы чиныг "Алæмæттаг сис"-мæ бацыд аст аргъау фыст сты иронау, Бекъойты Майæйы чиныг "Уасæг" у бæрцæй къаддæр, фæлæ йæ аргъæутты нымæц у фылдæр.
"Республикæйы разамынады хъусдарды фæрцы æмæ монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты мыхуыр цæуынц чингуытæ, фæлæ нæм сывæллæтты литературæ тынг цъус ис, уымæ гæсгæ уæлдай æхсызгон у ацы чингуыты фæзынд", - загъта комитеты сæрдар Хъотайты Мария.
Чиныг "Алæмæттаг сис"-ы автор Джиккайты Бэлла йæ раныхасы бузныг загъта мыхуыры комитетæн, редактор Наниты Асиат мæ нывгæнæг Хъотайты Ирина.
"Мæ чиныджы ис аст аргъау, сты кæстæр æмæ хистæр кары ахуырдзаутæн", - загъта чиныджы автор.
Уый ма баныфсæвæрдта, йæ чинуытæй кæй балвар кæндзæн Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзаутæн.
Дыккаг чиныг "Уасæг"-ы атвор Бекъойты Майæ дæр йæ раныхс райдыта бузныджы ныхæстæй комитет, редактор æмæ нывгæнæнгæн.
"Мæ фыццаг кæсæг у мæ дæсаздзыд фырт. "Уасæг" у ме ʻртыккаг чиныг. Ныр дæр цалдæр чиныджы цæттæ кæнын", - загъта Бекъойты Майæ.
Дыууæ чиныджы дæр редакторæй бакуыста Наниты Асиат.
"Максим Горький фыста - сывæллæттæн хъæуы фыссын куыд хистæртæн, фæлæ хуыздæр. Уымæ гæсгæ сабитæн зын у фыссын. Ноджы фылдæр уын бантысæт, æз та цæттæ дæн редакци кæнынмæ", - загъта Наниты Асиат.
ХИПУ ахуыргæнæг Ӕлборты Дина дæр хъусдард аздæхта сывæллæтты литературæйы цъухдзинадмæ.
"Ӕхсызгон у кæй фæзындысты архæуттæ ирон æвзаыгл, афтæ гæнæн ис бауарызын кæнæм мадæлон æвзаг сабитæн. Чингуыты рацыдæй ноджы тынгдæр æнхъæлмæ кæсын Джиккайты Бэллайы аргъаумæ гæсгæ мультфильмы рацыдмæ, кæцыйыл ныртæккæ куыст цæуы", - загъта уый.