Зал ӕмдзӕгъд кодта лӕугӕйӕ: Зассеты Максим ссис конкурс "Истоки"-йы лауреат

© facebook/Amaga GottiЗассеты Максим
Зассеты Максим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарӕггӕнӕджы командӕйы разамонӕг ӕмӕ конкурсы жюрийы уӕнг Амага Готти банысан кодта, Ирыстон йӕхи хорз кӕй равдыста ӕхсӕнадӕмон фестивалы

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Диана Уалион. Хуссарирыстойнаг ӕххӕстгӕнӕг бахызт уырыссаг культурӕйы IХ Ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Истоки"-йы ӕртӕ тыхджындӕр зарӕггӕнӕджы скондмӕ, радзырдта Sputnik оперон зарӕггӕнӕг Амага Готти.

"Махӕн ис тынг хорз фӕстиуджытӕ. Гала-концерты Зассеты Максим райста фыццаг преми. Мӕскуыйаг кӕсджытӕ йын къухӕмдзӕгъд кодтой лӕугӕйӕ. Уый уыд нӕ уӕлахиз", - радзырдта зарӕггӕнӕг.
© facebook/Тамара ДзудцоваЗассеты Максим
Зал ӕмдзӕгъд кодта лӕугӕйӕ: Зассеты Максим ссис конкурс Истоки-йы лауреат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Максим

Хорз ралӕууыд Къӕбысты Дана дӕр Цӕгат Ирыстонӕй, кӕцы бахызт ӕртӕ уӕлахиздзауы скондмӕ.

Зассеты Максим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирӕй хайад райсдзӕн фестиваль-конкурсы "Истоки"

"Мӕ командӕ мын ныридӕгӕн фӕхуыдтой ӕхсӕнадӕмон конкурстӕм – Канада, АИШ, Франци ӕмӕ Киргизимӕ. Фыццаг каналы зындгонд продюсер Лина Арифулина хорз саргъ кодта сывӕллӕттӕн. Афтӕ тынг фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ сӕ ралӕуд, ӕмӕ йӕ бафӕндыд ӕрцӕуын Ирыстонмӕ. Уый фӕдыл махӕн ис нырма бирӕ куыст ӕмӕ цымыдисон проекттӕ", - бафтыдта Амага Готти.

Уырыссаг культурӕйы IХ Ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Истоки" ӕрвылаз уагъд цӕуы Мӕскуыйы. Фестивалы хайад исынц уӕрӕсейӕгтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц фӕсарӕнты.

Ног хабӕртты лентӕ
0