ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Козаты Диана. Женевайы дыццӕджы райдыдта Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл дискусситы юбилейон раунд. Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ ӕмбӕлынц швейцайраг горӕты 50-ӕм хатт.
Президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты фехъусын кодтой Sputnik, фарсытӕ дарддӕр кӕй ныхас кӕндзысты боны фӕткы иууыл актуалондӕр фарстыл – тыхӕй ма пайда кӕныны фӕдыл документ бафыссыныл.
"Ацы фембӕлды ахсджиаг темӕ ма уыдзӕн уавӕр, кӕцы фӕзынд сӕрды кӕрӕтты Хуссар Ирыстоны арӕныл. Сӕйраджыдӕр, дзырд цӕудзӕн республикӕйы Знауыры районы Уисты хъӕуы уавӕрыл, цы ран августы кӕрӕтты гуырдзиаг полицийы кусджытӕ сӕвӕрдтой ӕнӕзаконон блокпост", - банысан кодтой аппараты.
Фембӕлды рӕстӕджы ма сараздзысты регионы ӕдасдзинады уавӕрыл афӕлгӕст.
Традицимӕ гӕсгӕ, дискусситы хай нывонд уыдзӕн гуманитарон фарстытӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты хъысмӕтӕн.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.