Хæларзæрдæ æмæ æххуысмæ цæттæ: куыд бахъуыды кодтой Къозонты Дмитрийы

© Из личного архива Алана ТибиловаКъозонты Дмитрийы
Къозонты Дмитрийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццæджы йе ʻнусон бынатмæ афæндараст кодтой Къозонты Дмитрийы, сыхæгтæ, æмкусджытæ æмæ хæлæрттæ иууылдæр æмдзырд кæнынц - уыд хорз кусæг, хæларзæрдæ лæппу æмæ хорз æмгар

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры æртыццæджы афæндарст кодтой йе ʻнусон бынатмæ автомобилон аварийы бабынуæвæг Къозонты Дмитрийы. Ӕдзард лæппуйæн баззад дыууæ æнахъом саби, уæззаукъах бинойнаг, æнæзæрдæрухс ныййарджытæ æмæ хæларзæрдæ лæппуйы ном.

Сыхæгтæ, æмкусджытæ æмæ хæлæрттæ иууылдæр æмдзырд кæнынц - лæппуйæн куыстмæ уыд бæрнон æмæ æнувыд ахаст, йæхи адæмæн уарзын кодта.

7 декабры, Ирыстоныл æнæнхъæлæджы айхъуыст фыдохы хабар - автомобилон аварийы фæстиуæгæн трагикон æгъдауæй æнæрæстæджы фæмард сты республикæйы хуыздæр фæсивæдæй æртæ. Намонд цау фыдохы бакодта æгас горæт. Цхинвалы ахæм адæймаг стæм уыд, кæцы æртæ лæппуйæ иуы дæр нæ зыдта. Ӕвзонг, активон æмæ æгъдауджын лæппуты хуыдтой "равзаргæ фæсивæд".

Погорельцы Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иу аз мӕнгагъуысты цӕргӕйӕ

"Цалдæр азы размæ куыстмæ бацыд махмæ, куыста сантехникæй. Куысты уыд бæрнон æмæ æнувыд. Уыд хъæлдзæг лæппу, хæларзæрдæ, йæхи уарзын кодта", - загъта Sputnik республикон рынчындоны сæйраг дохтры хæдивæг Хетæгкаты Владимир.

Къозонты Дмитрийы, йе ʻмгæртты мысинæгтæм гæсгæ, бинонтæ цардысты уæззау уавæрты. Йæ ныййарджытæ сæ хæдзар арты амæттаг куы бацис, уæдæй фæстæмæ цæрынц цатыры Хъайтарты уынгыл. Бинонты мæгуырау уавæрыл Sputnik фыста 2017 азы. Лæппу йæхæдæг цард æххуырст хæдзары.

"Иумæ ахуыр кодтам Уæрæсейы æфсæддон хаххыл. Нормативтæ иу куы дæттам, уæд лыгъдыстæм фондз километры дæртдзæф æд хæцæнгарз. Дима ма иу йæхи хæцæнгарзæй дарддæр сыккой кодта уырыссæгтæй чи нæ фæрæзта, уыдон хæцæнгарз, æмæ лыгъд фæндзгай автоматтимæ", - радзырдта йе ʻмгар Джиоты Руслан.

Лæппу йæ цыбыр царды раивта цалдæр куысты.

"Ахуыры фæстæ бацыд Хъахъхъæнынады министрадмæ, уый фæстæ Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæмæ, фæстаг хатт куыста рынчындоны сантехникæй. Лæппу йæхи раппар-баппар кодта, йæ цардыл не ʻххæсыд – дыууæ æнахъом саби даринаг, æртыккагмæ æнхъæлмæ кастысты", - бафтыдта йе мгар.

© Из личного архива Алана ТибиловаКъозонты Дмитрий æмæ Тыбылты Алан
Хæларзæрдæ æмæ æххуысмæ цæттæ: куыд бахъуыды кодтой Къозонты Дмитрийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къозонты Дмитрий æмæ Тыбылты Алан

Къозонты Дмитрийы йе ʻнусон бынатмæ афæндарст кодтой Цхинвалы. Лæппуйæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд сæдæгай адæймæгтæ. Абон ма дзыллон информацион фæрæзтæ фехъусын кодтой, йæ бинонтæн фатер кæй радтой Хъайтарты уынгы бирæуæладзыгон хæдзæртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0