Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ
РХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци УФ Гарзджын тыхты Генералон штабы хистӕры хӕдивӕг Сергей Истраковы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы

ЦХИНВАЛ, 18 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты Генштабы хистӕры хӕдивӕг Сергей Истраковы Хӕларады Орденӕй сгуыхтдзинӕдты тыххӕй ӕфсӕддон ӕмгуыстады райрӕзты, стыр профессионализм ӕмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон фадӕттӕ сфидар кӕныны. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд УФ Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ

Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци

Бибылты Анатолий банысан кодта дыууӕ бӕстӕйы хъахъхъӕнынадон уагдӕтты ӕмархайды стыр ӕмвӕзад.

Сергей Истраков та бахахх кодта, Уӕрӕсейы стыр аргъ кӕй кӕнынц Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстадӕн.

"Мах тырнӕм райтынг кӕнын ӕмгуыстад. Реализаци цӕуынц бадзырдтӕ, балхынцъ ис Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты реформӕ. Гӕнӕн ис зӕгъын, мах кӕй рахызтыстӕм ног этапмӕ – цӕттӕкӕнынады стыр ӕмвӕзадмӕ", - загъта уый.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта УФ Генштабы хистӕры хӕдивӕджы Хӕларады Орденӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ президенты фембӕлд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегациимӕ

Афтӕ ма уӕрӕсейаг Генштабы хистӕры хӕдивӕг бафтыдта, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы терииторийыл ныридӕгӕн кӕй службӕ кӕнынц Хуссар Ирыстоны 508 ӕмбӕстаджы, уыдон иууылдӕр цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уымӕй дарддӕр Сергей Истраков радзырдта куысты тыххӕй, кӕцы бакодтой Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагимимӕ дыууӕ боны дӕргъы.

"Ӕхсӕнпаддзахадон бадзырдтӕм гӕсгӕ ӕркастыстӕм хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты пенсион ифтонгадмӕ, афтӕ ма реализаци цӕуы бадзырд медицинон ӕххуысы фӕдыл ӕфсӕддонтӕн. Фӕлӕ нӕм нырма ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ куыст", - загъта Истраков.

Фембӕлды кӕрон Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады кӕцыдӕр офицерты президенты барамындӕй схорзӕхджын кодтой майдантӕй "Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй".

Ног хабӕртты лентӕ
0