Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн

© Пресс-служба Дзауского районаДзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн
Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ, цымыдисон хиирхӕфсӕн программӕ тынг фӕцыдысты центры цӕрджыты зӕрдӕмӕ, уыдон фыр цинӕй сӕ цӕстысыгтӕ дӕр нӕ урӕдтой

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ ауагътой хӕрзаудӕн концерт Цхинвалы Медико-социалон центры цӕрджытӕн. Сывӕллӕттӕ сӕххӕст кодтой зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ, районы сӕргълӕууӕджы номӕй байуӕрстой ацӕргӕ адӕмӕн лӕвӕрттӕ, фехъусын кодтой Sputnik администрацийы пресс-службӕйы.

Рухсы тын аразы ног хæрзаудæн акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Рухсы тын" аразы ног хæрзаудæн акци Цхинвалы

"Зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ, цымыдисон хиирхӕфсӕн программӕ тынг фӕцыдысты центры цӕрджыты зӕрдӕмӕ, уыдон фыр цинӕй сӕ цӕстысыгтӕ дӕр нӕ урӕдтой, ӕмдзӕгъд кодтой скъоладзаутӕн. Сывӕллӕттӕ фыццах хатт уыдысты ахӕм бынаты,  фыццаг хатт федтой царды ацы фарс, уый та сӕ уазалӕнгасӕй нӕ ныууагъта", - радзырдта агентады дзырдӕмбал.Пресс-службӕйы ма банысан кодтой, сывӕллӕтыл тынг кӕй фӕцин кодтой куыд центры цӕрджытӕ, афтӕ персонал дӕр.

"Рӕзгӕ фӕлтӕртӕ ахӕм мадзӕлтты хайад куы исой, уӕд уый хорзӕрдӕм ӕндавы сӕ монон-фӕткӕвӕрдон хъомыладыл. Уыдон сӕ цайдагъ кӕнынц химӕ бӕрндзинад исын ӕмӕ тӕригъӕд кӕныныл. Ирыстоны кӕдфӕнды дӕр стыр кад кодтой хистӕртӕн, фӕлӕ, хъыгагӕн, дуг ивы ӕмӕ бирӕтӕ сӕ ныййарджыты дӕр ферох кӕнынц", - бафтыдтой пресс-службӕйы.
© Пресс-служба Дзауского районаДзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн
Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауаг скъоладзаутӕ равдыстой хӕрзаудӕн концерт ацӕргӕ иунӕг адӕмӕн

Хуссар Иры зæрæтты хæдзар 2019 азы уалдзæджы  рацарæзтой Хуссар Иры медико-социалон центрмæ, ног статусимæ объект райста ног бæстыхай дæр. Иунæг æмæ низæфхæрд адæмы ног хæдзар æрбынат кодта столицæйы цæгатфарс микрорайонтæм хæстæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0