00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Митын Дадайы номӕй: Хуссар Иры къухдариуӕгад хайад исы хӕрзаудӕн акцийы

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер ӕмӕ хицауады сӕрдар ӕрбаиу сты акци "Бӕллицты фонтан"-мӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной сывӕллӕтты бӕллицтӕ Ног азы агъоммӕ. Амӕйразмӕ хӕрзаудӕн проекты хайад райста республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан, республикӕйы премьер-министр Пухаты Эрик, афтӕм ма йӕ хӕдивӕг – экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий хайад райстой ногазон хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы, кӕцы уагъд цӕуы ПТРК "ИР"-ы бӕстыхайы.

Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци Бӕллицты фонтан-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы

Хæрзаудæн проект æххæст цæуы ныр æтыккаг аз – сӕ ногазон фыстӕджытӕ ныффыстой Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты ахуырдзаутæ, афтӕ ма Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.

"Ацы проекты райдайӕнӕй фӕстӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон" дзы активон хайад исы. Мах бафӕлвардзыстӕм сӕххӕст кӕнын бирӕ сывӕллӕтты бӕллицтӕ", - загъта Тадтаты Алан.

© Пресс-служба парламента РЮОПарламенты спикер хайад райста ногазон хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Митын Дадайы номӕй: Хуссар Иры къухдариуӕгад хайад исы хӕрзаудӕн акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты спикер хайад райста ногазон хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы

Парламенты спикер систа фонтанӕй ӕртӕ ахуырдзауы фыстӕджытӕ, кӕцытӕ ракуырдтой Митын Дадайӕ гироскутер, велосипед ӕмӕ телефон.

Пухаты Эрик банысан кодта, ахӕм акцитӕ кӕй ӕрхӕссынц сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм циндзинад.

"Ног аз у иунӕг бӕрӕгбон, кӕцымӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, фӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ бӕллицтӕ сӕххӕст уой. Ӕмӕ мах, хистӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм сӕ бӕллицтӕ", - загъта хицауады сӕрдар.

Бекъойты Геннадий бахахх кодта, ӕхсызгон ын кӕй у баххуыс кӕнын ӕххуысхъуаг бинонтӕн.

Акци "Бӕллицты фонтан"-ы фӕлгӕтты республикæйы сæдæгай сабитæн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнынц амалхъом адæм. Сывӕллӕттӕ ауагътой фонтаны наутӕ фыстӕджытимӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Митын Дадамӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0