УУМ сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры рахицӕн кӕндзысты фӕрӕзтӕ бомбӕмбӕхсӕны хӕрзарӕзтадӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЦоциты Азӕмӕт
Цоциты Азӕмӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иу бомбӕхсӕны хӕрзарӕзтадӕн хъӕуы ӕртӕйӕ фондз милуан соммӕ, радзырдта уӕлвӕткон уагдоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) граждайнаг хъахъхъӕнынады хайад реализаци кӕны нывӕзт бомбӕмбӕхсӕнты хӕрзарӕзтады фӕдыл. УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт пресс-конференцийыл Цхинвалы радзырдта, абоны бон горӕты кӕй ис 12 зӕххы бын бӕстыхайы, кӕцытӕ сты аккаг уавӕры.

Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, бомбӕмбӕхсӕнтӕ хъуамӕ ифтонг уой фӕрӕзтӕй, кӕцыты руаджы уӕлвӕткон уавӕры рӕстӕджы фадат уыдзӕн бамбӕхсын уым.

Министр бахахх кодта, фидӕн аз кӕй нывӕндынц рахицӕн кӕнын ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕртӕ бӕстыхайы хӕрзарӕзтадӕн.

"Хӕрзарӕзтад нывӕндынц Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты, ӕмӕ кад рауайа, уӕд сӕ сифтонг кӕндзыстӕм ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕй. Иу бомбӕмбӕхсӕны хӕрзарӕзтадӕн хъӕуы ӕртӕйӕ фондз милуан соммӕ, уымӕн ӕмӕ уый у зынаргъ ифтонггарз", - банысан кодта Цоциты Азӕмӕт.

УУМ сӕргълӕууӕг радзырдта, бӕстыхӕйтты разамонджытӕн, кӕцыты бын ис бункертӕ, радтой фӕдзӕхст, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ дзы сӕвӕрой дуӕрттӕ.

Цхинвалы бомбӕмбӕхсӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бомбӕмбӕхсӕн сифтонг кодтой химикон хӕцӕнгарзы ныхмӕ хъахъхъӕнынадӕй

Бомбӕмбӕхсӕнтӕй дарддӕр УУМ ӕххӕст кӕны граждайнаг резервы хӕрзарӕзтад – хӕлцы продукттӕ ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзауматы страгеион резерв.

Сӕйраджыдӕр, бӕстыхайы сараздзысты фатертӕ хӕлцы продукттӕ, медикаменттӕ ӕмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ бавӕрынӕн.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад сифтонг кодта Цхинвалы телеуынынады агъуысты бын бункер газӕйхизтӕй. Фыццаг этапыл балхӕдтой 752 газӕйхизы.

Ног хабӕртты лентӕ
0