Цхинвалы схорзæх кодтой иууыл хуыздӕр вокалистты ПТРК "Ир"-ы версимӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы схорзæх кодтой иууыл хуыздӕр вокалистты ПТРК "Ир"-ы версимӕ гӕсгӕ
Цхинвалы схорзæх кодтой иууыл хуыздӕр вокалистты ПТРК Ир-ы версимӕ гӕсгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премийы лауреатты нымæцы сты зарæггæнджытæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, æдæппæт 20 адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзæхджын кодтой фыццаг телеуынынадон преми "Ӕрфӕны фӕд"-ы лауреатты. Зарӕггӕнджытæн, кӕцытӕ бахастой стыр хайбавӕрд ирон музыкалон аивадмӕ, цыт кодтой ПККЗ "Чермен"-ы. Хорзæхы аккаг бакодтой 20 адæймаджы.

Преми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цыппæрæм хатт расидтысты Нафийы преми

Лауреатты номхыгъдмæ бацыдысты зындгонд музыканттæ æмæ вокалисттæ, сæ нымæцы адæмон артисттæ дæр. Телеуынынады премийы аккаг скодтой Джыккайты Хсары, Бедойты Тамазы, Харебаты Вадимы, Харебаты Тимуры, Ӕлборты Иналы, Икъаты Ибрагимы, Ӕлборты Шоренайы, Бекъойты Ванойы, Гæбæраты Альзирайы, Къæбысты Сæрмæты, Ӕлборты Владимиры, Саппиаты Зæлинæйы, Бестауты Дианайы, Уалыты Нинайы, Ӕлборты Малхазы, Гасситы Еленайы, Хæдыхъаты Аллайы æмæ Хуытъыгаты Маринайы.

"Зарæггæнджытæн цыт кæныны рæсугъд церемони ахаста æртæ сахаты бæрц. Фыццаг хатт лæвæрд цæуы преми æмæ нæ ныфс ис, кæй адарддæр уыдзæн иннæ аз. Йæ саразын нын бантыст президенты æмархайдæй", — загъта Sputnik проекты разамонӕг Мамиты Григорий.

Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг хатт ацыд националон телеуынынады версимӕ гӕсгӕ иууыл хуыздӕр зарӕггӕнджыты хорзӕхкӕныны церемони.

Ног хабӕртты лентӕ
0