https://sputnik-ossetia.com/20200110/Tskhinvaly-sarazdzysty-psikhiatri-m-narkologiyy-tsentr-9880345.html
Цхинвалы сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр
Цхинвалы сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы психрынчындон ныппырх ис 2008 азы хæсты рæстæджы, уæдæй фæстæ йын нæ бантыст саразын, кæцыдæр адæймæгтæ хъыгдард психикæимæ фенæн ис абон дæр Цхинвалы... 10.01.2020 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2020-01-10T10:29+0300
2020-01-10T10:29+0300
2020-01-10T10:39+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/977/58/9775830_0:173:3071:1900_1920x0_80_0_0_0840c088dcd9023cd11a903914d57b8e.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2020
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/977/58/9775830_113:0:2844:2048_1920x0_80_0_0_442097dba97b52b7f9dcb1024cf42815.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр
10:29 10.01.2020 (Ранӕуӕггонд: 10:39 10.01.2020) Цхинвалы психрынчындон ныппырх ис 2008 азы хæсты рæстæджы, уæдæй фæстæ йын нæ бантыст саразын, кæцыдæр адæймæгтæ хъыгдард психикæимæ фенæн ис абон дæр Цхинвалы уынгты
ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзты фæлгæтты Цхинвалы 2020-2022 æзты сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр, медицинон нысаны уагдон фæзындзæн медицинон кластеры территорийыл, фехъусын кодта Sputnik арæзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Алена.
Цхинвалы психрынчындон ныппырх ис 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы. Уынджы аззадысты дæсгай низæфхæрд адæм, сæ иу хай Цæгат Ирыстонимæ бадзырды фæлгæтты снысан кодтой Дзæуджыхъæуы хосгæнæн центрмæ, кæцыдæр адæймæгтæ хъыгдард психикæимæ фенæн ис абон дæр Цхинвалы уынгты. Хатгай уыдон саразынц фыдракæнтæ æмæ бахауынц барадхъахъхъæнæг органты цæстдарды бын.
Психрынчындоны арæзтадæн Инвестицион нывæзты фæлгæтты хицæн æрцæудзæн 20 милуан сомы.
"Медицинон кластеры размæцыды охыл 2020-2022 æзты сараздзысты психиатри æмæ наркологийы центр, цы ран уыдзæн стандартон койкæтæ æмæ æппæт уавæртæ дæр рынчынтæн. Уый раздæры психрынчындоны æнгæс нæ уыдзæн", - загъта министрады минæвар.
Уый ма банысан кодта, нывæзтон куыстыты фæлгæтты рацараздзысты медицинон кластеры бæстыхæйттæй иу, цы ран раздæр уæвынад кодтой хæдзарадон хатæнтæ.
Психиатри æмæ наркологийы центр арæзт цæуы Хуссар Иры 2019-2022 æзты æнæниздзинад хъахъхъæнынады размæцыды нывæзты фæлгæтты.