Бирæ æзты фæстæ Дзауы бакæндзысты скъолæйон спортзал

© Sputnik / Наталья АйриянДзау
Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортзал Дзауы нæ уыд 30 азы – скъолаимæ ныппырх ис зæххæнкъуыcты рæстæджы. Ӕввахс рæстæджыты райцентры скъолайы территорийыл фæуыдзæн объекты арæзтад

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Дзауы скъоладзаутæн сæ бон уыдзæн тагъд рæстæджы физикон культурæйы уроктæм цæуын ног спортзалмæ, загъта Sputnik районы администрацийы хистæр Джиоты Андрей.

Джиоты Андрей  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фатертæ, лагерь æмæ картоф: Дзауы районы фӕстиуджытӕ ӕмӕ нывӕзтытӕ

1991 азы зæххæнкъуыcт ныппырх кодта бирæ арæзтадтæ Дзауы, семæ скъола дæр. Бирæ æзты фæстæ æхсæнадон организациты мисси самадта хъæуы ног скъола, фæлæ æнæ спортзалæй. Уыцы æзты кæронмæ уадзын физикон культурæйы уроктæ скъолайы фадат нæ уыд, уæлдайдæр та зымæгон бонты. Цалдæр азы размæ районы администраци сарæзта гом фæзуат скъолайы цур, фæлæ уый нæ баххуыс кодта уроктæ уадзынæн афæдзы алы рæстæджы дæр.

Скъолайы разамынады æнхъарæн фехъуыстой дæсгай æзты фæстæ. Августы 2019 азы скъолайы уынджы райдыдтой аразын спортзал. Объекты фæдзæхсæг — Дзауы районы администраци. Генералон нардуатон организацийæ слæуыд Хуссарирыстойнаг арæзтады фирмæ "Монолит".

Куыстыты стыр гуырахст æххæст æрцыд – самадтой стыр дыууæуæладзыгон бæстыхай. Арæзтадыл кусы 18 адæймаджы бæрц.

"Спортзалы уыдзæн канд хъазæн фæзуат нæ, фæлæ ма фитнесы хатæн дæр. Быннаг уæладзыджы уыдзæн уæгъдибар хъæбысхæсты зал. Нæ инфраструктурæ фадат дзæтдзæн уадзын спорты æппæт хуызтæй дæр ерыстæ", - загъта районы хистæр.

Аразджытæн хæсгонд уыд объекты арæзтад балхынцъ кæнын Ног азы агъоммæ, фæлæ сæ фæфæстиад кодта арæзтадон æрмæджы цухдзинад. Куыстытæ аразджытæ фæнд кæнынц фæуын 2020 азы февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0