Æрцыд йæ рад. Цхинвалы 2020 азы сараздзысты Вокзалгæрон уынг

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сараздзысты вокзалгæрон уынг 2020 азы
Цхинвалы сараздзысты вокзалгæрон уынг 2020 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæдзармæ хæстæг территориты аразын райдайдзысты æввахс рæстæджы – асфальтæй бамбæрздзысты кæртытæ, хæрзарæзт æрцæудзысты цъæх зонæтæ,сæвæрдзысты бордюртæ

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Вокзалгæрон уынджы цæрджытæ бирæ æзты æнхъæлмæ кæсынц кæртыты территориты хæрзарæзтмæ. Микрорайон, кæцымæ хауы Вокзалгæрон уынгæй дарддæр Фидауынгæнджыты уынг дæр, арæзт æрцæудзæн 2020 азы.

Къуайсамӕ фӕндаджы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндаг Къуыдаргоммæ: трассæ арæзт фæуыдзæн 2020 азы

Микрорайон æвæрд у горæты центры, йæ цæрджытæ бирæ æзты хъаст кæнынц – къæвдайы кæнынц цъыфы бын, сæрды та тыхсынц рыгæй.

Районы цæрæг æвзонг ныййарæг Зæринæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы арæзтадон куыстæм, уый йæ районы аннæ цæрджытимæ рагæй æнхъæлмæ каст цалцæгкæнæн куыстытæм, фыстой куырдиæттæ.

"Скъахтой фæндæгтæ, кæртытæ ахизæнтæ нал ис. Фарон сæрд къухфысттæ æрæмбырд кодтам æмæ ныффыстам куырдиат мэры номыл. Ныфс нын радтой 2020 азы сæ кæй сараздзысты", - загъта Зæринæ.

Цхинвалы ЦКХ Sputnik загътой, горæты администраци ногæй кæй райдайдзæн бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ аразын.

"Бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты хæрзарæзтады нывæзтгонд куыстыты нымæцы ис Вокзалгæрон уынг дæр. Цæттæ цæуы документаци", - загътой горæты ЦКХ.

Хæдзармæ хæстæг территориты аразын райдайдзысты æввахс рæстæджы – асфальтæй бамбæрздзысты кæртытæ, хæрзарæзт æрцæудзысты цъæх зонæтæ,сæвæрдзысты бордюртæ.

Муниципалон хæдзæртты кæртыты куыстытæ цæуынц 2018 азæй. Ивгъуыд аз сарæзтой 12 хæдзары кæрт.

Ног хабӕртты лентӕ
0