Цхинвалы мэр цæуы отставкæйы

© Sputnik / Фатима ПлиеваКоцты Алан
Коцты Алан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горæты ныры хицау ацы бынаты кусы дыууæ азæй фылдæр. Мэрияйæ ратæдзæны информацимæ гæсгæ, Коцты Аланы рагæй фæндыд йæ куыст ныууадзын

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы мэрияйæн фæзындзæн ног сæргълæууæг. Столицæйы ныры мэры йæ бынатæй ссæрибар кæныны информаци бафидар кодта ратæдзæн горæты администрацийæ.

"Столицæйы администрацийы æнхъæлмæ кæсынц ногдзинæдтæм. Куыд нын загътой, афтæмæй ног сæргълæууæджы тыххæй указ уыдзæн майрæмбоны. Уыцы бон коллективæн базонгæ кæндзысты сæ ног хистæры", - радзырдта агентады ныхасæмбал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Коцты Аланы рагæй фæндыд йæ куыст ныууадзын æмæ ныффыста куырдиат йæ бынатæй йæ ссæрибар кæныны фæдыл.

Ног сæргълæууæджы тыххæй нырма ничи ницы зоны.

Коцты Алан Цхинвалы администрацийы сæргъ слæууыд 2017 азы июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0