Хуссар Иры самайдзысты дæс бирæфатерон хæдзары

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæз бирæфатерон хæдзары сараздзысты Цхинвалы, аннæтæ амад цæудзысты республикæйы районты

ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Дæс бирæфатерон хæдзæртты арæзтад цæудзæн 2020-2022 æзты социалон – экономикон райрæзты инвестицион нывæзты фæлгæтты. Уый нысанæн хицæн æрцæудзæн 1,5 миллиард сомы. Уый тыххæй Sputnik загъта арæзтады министрады минæвар Къацты Сослан.

Корпустæй иу самайдзысты, 2008 азы августы хæсты рæстæджы Хъайтарты уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзар бахъыгард ис, уый бынаты. Ныридæгæн 118 хæдзар цæттæ цæуы пырх кæнынмæ, цæрджытæ лидзынц æндæр бынæттæм, уыдонæн банхъардтой фатертæ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл ног арæзт хæдзæртты.

Цхинвалы музыкалон фонтан скудзæн уалдзæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Финишмæ æввахс: Цхинвалы музыкалон фонтан скусдзæн уалдзæджы

Æввахс рæстæджы ма бавналдзысты Харебаты Исахъхъы уынгыл уæвæг №32 æмæ 36 аварион хæдзæртты бынаты ног 75-фатерон хæдзæртты арæзтадмæ.

Фидæн аз ма фæнд кæнынц самайын ноджы иу корпус Гуыбаты æфсымæрты уынгыл æмæ ма ноджы дыууæ æнгæс бирæфатерон хæдзары та Ирæтты уынгыл.

Цæрæн фонд фылдæр цæудзæн Дзау æмæ Знауыры районты дæр. Æрæджы уым балхынцъ сты 18 фатерон хæдзæртты арæзтад, фæйнæ дыууæ ахæм хæдзары ноджы самайдзысты районон центрты æввахс рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0