ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны слесгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг шофыры ныхмæ, кæцы нæ рауагъта фистæгæй цæуæджы, цæй фæстиуæгæн амард Дзæуджыхъæуы цæрæг сылгоймаг.
Инцидент ʻрцыд Цæгат Ирыстоны къуырисæры изæры. Дзæуджыхъæуы 27-аздзыд цæрæг, кæцы скъæрдта хæдтулгæ "Toyota Alphard", нæ фæсабыр кодта йæ цыд фистæгæй цæуджыты бынаты. Уый хыгъд ныццавта 65-аздзыд сылгоймаджы, кæцы амард рынчындоны.
Ацы фыдракæнды тыххæй нæлгоймаг азымджын цæуы УФ УК ст. 264-ы 3-æм хаймæ гæсгæ, хъусын кæны Цæгат Иры МХМ.
Уголовон хъуыддаг сгæрст цæуы. Ӕввахс рæстæджы зæрдæхсайгæ адæймагæн бамбарын кæндзысты цы хъуыддаджы цæуы азымджын.