Нывгæнджыты цæдис равзæрста ног сæрдары

Рафыссын
Сфæлдыстадон баиугонды сæргъ слæууыд Хуссар Ирыстоны зындгонд нывгæнæг Битеты Алан, ацы бынаты уый раивта Адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерланы

ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдис равзæрста ног сæргълæууæджы. Сфæлдыстадон баиугонды сæргъ слæууыд Хуссар Ирыстоны курдиатджын нывгæнæг Битеты Алан.

Цхинвалы байгом уыдзæн Чилæхсаты Магрезы нывты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы байгом уыдзæн адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрезы равдыст

Нывæгæнджыты цæдисы сæргълæууæджы æвзарынц баиугонды уæнгтæ æртæ азы æмгъуыдмæ. Битеты Алан æвзæрст æрцыд фылдæр хъæлæстæй.

"Ис мын хъуыдытæ цы хаххыл хъуамæ размæ цæуа Нывгæнджыты цæдис æмæ сæ биноныг кæндзынæн царды. Ӕппæтдæр араздзынæн, цæмæй цæдис размæ цæуа", - загъта Sputnik Битеты Алан.

Нывгæнджыты цæдисы сæрдар æвзæрст æрцыд æмбырды рæстæджы. Нырмæ йын разамынад дæтта Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0