Таможнӕйон комитеты сӕрдар хыгъдлӕвӕрд радта 2019 азы хатдзӕгты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхуырбаты Мурӕт
Цхуырбаты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд аз республикӕйы таможнӕйон комитет паддзахадон бюджетмӕ бахаста 81 милуан сомы фылдӕр 2018 азмӕ абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. 2019 азы республикӕйы бюджетмӕ Паддзахадон таможнӕйон комитет бахаста 329 милуан ӕмӕ 852 мин сомы. Уый тыххӕй уагдоны хыгъдлӕвӕрдон рабадтыл радзырдта комитеты сӕрдар Цхуырбаты Мурӕт, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"2018 азмӕ абаргӕйӕ фиддонтӕ фӕфылдӕр сты 81 милуан ӕмӕ 797 мин сомы бӕрц", - банысан кодта таможнӕйон службӕйы сӕрдар.

Цхуырбаты Мурӕт бафтыдта, таможнӕйон пост "Рукъ" 2019 азы кӕй ӕрӕмбырд кодта фиддонтӕ 57 милуан ӕмӕ 867 мин сомы бӕрц, уый дыууӕ милуаны фылдӕр у 2018 азмӕ абаргӕйӕ. Таможнӕйон пост "Раздӕхӕн" ӕрӕмбырд кодта ивгъуыд азы дыууӕ милуан ӕмӕ 209 мин сомы.

Таможнӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ӕрсидт уӕрӕсейаг сенатортӕм аскъуыддзаг кӕнын хӕдтулгӕты ӕрбаласты фарст

Ивгъуыд азы 77 милуаны бӕрц фӕфылдӕр сты акцизон фиддонты суммӕ дӕр. 2019 азы уый рацыд 173 милуан ӕмӕ 153 мин сомы бӕрц.

Таможнӕйон комитеты сӕрдар бахахх кодта, кӕй фӕзынд хорз динамикӕ базайрӕгты ӕрзылд ӕмӕ экспортон-импортон операциты къабазы, фӕзындысты ӕддагон экономикон архайды ног хайадисджытӕ.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта уагдоны ӕнтыстджын куыст ӕмӕ загъта бузныг коллективӕн республикӕйы президенты номӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0