Æрмадзтæ, равдыстон зал æмæ нывæзтытæ: Нывгæнджыты цæдисы ног хистæр йæ куысты тыххæй

© Sputnik / Виталий РаднаевБитеты Алан
Битеты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы хистæрæй æвзæрст æрцыд курдиатджын нывгæнæг Битеты Алан. Йæ кандидатурæйæн схъæлæс кодтой цæдисы фылдæр уæнгтæ. Ног хистæр йæ дæлбар бакодта 37 нывгæнæджы лыгкæнинаг проблемæтæ

Битеты Алан нывкæнынады сферамæ фæуазæг фондз азы размæ, уæдæй нырмæ йын бантыст скæнын хуызфыссынады 100 куысты бæрц. 2018 азы ацыд йæхи сæрмагонд равдыст, йæ æрмадзы иу сис ныр дæр дзаг у æнæфæуд куыстытæй.

- Алан, арфæ дын кæнæм дæ ног бæрнон бынаты тыххæй. Цы фæндтимæ слæуыдтæ Цæдисы сæргъ?

Битеты Вадимы дыууӕ царды - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Вадимы дыууӕ царды

Цалдæр азы дæргъы кусын ацы сферæйы – куыстимæ æмæ проблемæтимæ дæн зонгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ног статус дæтты æвæрццаг æнкъарæнтæ дæр æмæ уыимæ иумæ бæрндзинад дæр. Цæдисы сконды ис 37 нывгæнæджы, уыдон раз лæууæг проблемæтæ ныр цасдæр бæрцæй баисты мæн дæр. Баззад нын ацы сферæйы стыр бынтæ советон дугæй, фæнды нæ рауадзын чингуытæ, журналтæ куыд архайгæтæ, афтæ ивгъуыд дуджы нывгæнджыты цардвæндаг æмæ куыстытимæ. Нывæзтты фылдæр бæрц баст у сфæлдыстадон куыстимæ – хъавæм уадзын равдысттæ.

- Фыццаг рады цы фарстытæ скъуыддзаг кæндзынæ Дæ ног бынаты?

Сæйрагдæрыл нымайын нывгæнджыты æрмадзы фарст. Нæ бæстыхай ис Цхинвалы 13 коммунары уынгыл, Тæрхондонмæ хæстæг. Бæстыхайы æдæппæт ис 18 æрмадзы, нывгæнджыты нымæц та у 37. Ис нæм нывгæнджыты династитæ – уыдон кусынц иумæ, ис адæм, кæцытæ кусынц хæдзæртты, кæцыдæртæ та Нывгæнæн ахуыргæнæндоны, аннæтæ Аивæдты лицейы. Цæдисæн æрвылмæй президент хицæн кæны 100 мин сомы, уымæй цадæггай цалцæг кæнæм æрмадзты бæстыхай, ацы аз хъуамæ цалцæг æрцæуа фасад дæр. Фæлæ уæддæр фаг не ʻсты хатæнтæ.

© Sputnik / Наталья АйриянБитеты Аланы куыст
Æрмадзтæ, равдыстон зал æмæ нывæзтытæ: Нывгæнджыты цæдисы ног хистæр йæ куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Аланы куыст

Цæдисы тыхы нæй ацы фарст алыг кæнын, фæлæ йæ æвæрдзыстæм уæлдæр структурæты раз. Советон дугæй нын баззад зæххы фадыг, ныридæгæн уый у хъаугъайаг. Фарсты фæдыл нырма ныхас кæндзыстæм культурæйы министр æмæ президентимæ, стæй нывæнддзыстæм нæ дарддæры къахдзæфтæ. Президенты фæрцы махæн бантыст сцалццæг кæнын æрмадзты миддæгагон хатæнтæ, ауагътам хъармгæнæн системæ, хъæуы ма сцалцæг кæнын бæстыхайы æддаг фарс.

- Бирæ æзты дæргъы æдзæллаг уавæры ис Нывгæнджыты цæдисы равдыстты зал, куыд уыдзæн йæ дарддæры хъысмæт?

Ахсджиаг у равдыстон залы фарст. Зæгъæн ис, уый у æркæлыны æввонг, хаст æрцыд инвестицион нывæзтмæ, фæлæ дырысæй бæрæг нæу йæ арæзтады аз. Равдыстон зал саразын куы бантыса, уæд уый уыдзæн стыр къахдзæф, уымæн æмæ сфæлдыстадон кусæгæн йæ куыст равдисыны фадат куыннæ уа, уæд размæ цæуын зын у.

Нывгæнджыты цæдис равзæрста ног сæрдары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгæнджыты цæдис равзæрста ног сæрдары

Равдысты зал ис Хетæгкаты Къостайы уынгы цыппæрæм хæдзары, агъуыст федтой специалисттæ æмæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæхъæн бæстыхай у кæлæддзаг. Мæн уырны, тагъд рæстæджы зал кæй æрцæудзæн арæзт æмæ нæ нывгæнджыты сфæлдыстадимæ зонгæ кæндзысты адæм. Нырма уал равдыстыты æрфысым кæнынц ПККЗ "Чермен" æмæ Республикон библиотекæйы фойетæ, Паддзахадон университет - уым фæнд кæнæм ауадзын Валерий Авагимовы равдыст ацы аз.

- Бынæттон мадзæлттæй дарддæр ма уæ нывæзты ис æхсæнадæмон æмвæзадыл равдысттæ саразын дæр?

Хуссар Иры аивады фадыгнывкæнынады хаххы хуызæн фидар никуы у. Хистæр æмгæрттæ мын куыд зæгъынц, афтæмæй Хуссар Иры Нывгæнæн ахуыргæнæндон уыд æртыккаг бынаты Советон цæдисы, ардæм ахуырмæ цыдысты фæсарæнтæй дæр. Уыцы бæрзонд æмвæзады бынтæй абон дæр нырма хъæзныг стæм. Мах аразæм ныридæгæн цæдисы правлениимæ нæ куыстыты нывæзт, æрæмных æй кæндзыстæм Культурæйы министрадимæ. Бирæ бæрцæй хъуыддаг баст у хæрдзтимæ.

© Sputnik / Наталья АйриянБежанты Вадимы куыст
Æрмадзтæ, равдыстон зал æмæ нывæзтытæ: Нывгæнджыты цæдисы ног хистæр йæ куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бежанты Вадимы куыст

- Куыд гæнæн ис суæвын Нывгæнджыты цæдисы уæнг?

Хъæуы æмбæлон ахуырад, куысты фæлтæрддзинад, куырдиат махмæ, цалдæр рекомендаци æмæ стæй цæдисы уæнгтæ хæссынц скъуыддзаг. Ныр мæм ис дыууæ куырдиаты æвзонг чызг-нывгæнджытæй. Нывгæнджыты нымæц юристты бæрц нæу, алы адæймаг дæр æмбары, ацы куыстæй бинонтæ нæ фæлæ ма æгæрыстæмæй дæхи дæр зынæй фæдардзынæ.Фæлæ нымæцмæ æнæкæсгæйæ нæм ис тынг хорз дæснытæ. Сæ куыстытæ уæй дæр цæуынц, фылдæр бæрцæй Хуссар Ирæй ацæугæ адæм фелхæнынц нæ нывгæнджыты куыстытæ, цæмæй сæ райгуырæн бæстæйы иу комдзаг семæ ахæссой æцæгæлон бæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0