Фӕбӕрӕг ис Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг уӕззау уӕзы

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæБоксер Гасситы Мурӕт
Боксер Гасситы Мурӕт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕсраундон тох уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт ӕмӕ Джерри Форресты хсӕн ацӕудзӕн америкӕйаг горӕт Фрискойы (штат Техас) 29 февралы

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Дунейы экс-чемпион Гасситы Мурӕт йӕ дебютон тох суперуӕззау уӕзы категорийы ауадздзӕн 29 февралы америкӕйаг Джерри Форрестимӕ, хъусын кӕны Р-Спорт.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бокс – мæ цард": Гасситы Мурæт æрдзырдта йæ нывæзт, Мæскуы æмæ Ирыстоныл

Дӕсраундон тох уӕззау уӕзы ацӕудзӕн америкӕйаг горӕт Фрискойы (штат Техас), Майки Гарсиа ӕмӕ Джесси Варгасы хсӕн ныхмӕлӕуды андеркарды.

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы экс-чемпион фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт фарон апрелы ахызт уӕззау уӕзмӕ, фӕлӕ тренировкӕты рӕстӕджы райсгӕ травмӕты фӕстиуӕгӕн нал ауагъта тох Джоуи Давейкоимӕ, кӕцы хъуамӕ ацыдаид 27 июлы АИШ-ы.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0