Хуссар Иры президент нысан кӕны йӕ юбилей

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг цыппӕрӕмы нысан кӕны йӕ 50 азы юбилей. Президенты цыбыр биографи ӕмӕ йӕ нывӕзтытӕ абоны бонмӕ – Sputnik ӕрмӕджы

ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы нысан кӕны йӕ юбилей – хуссарирыстойнаг лидерыл сӕххӕст 50 азы. Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй президент ӕрвиты абоны бон куысты.

"Президенты графикы сты кусӕгон фембӕлдтӕ, рабадтытӕ, кӕцыты рӕстӕджы йын арфӕ кӕнынц йӕ коллегӕтӕ, республикӕйы министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕ", - радзырдта Гасситы Дина.

Пресс-секретарь банысан кодта, фыццаг Бибылты Анатолийӕн кӕй раарфӕ кодта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, кӕцы радта республикӕйы сӕргълӕууӕгӕн арфӕйы телтӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, УФ хицауады сӕрдар Михаил Мишустин ӕмӕ УФ Федерацийы советы сӕрдар Валентина Матвиенкойӕ.

Биографион справкӕ

Бибылты Анатолий райгуырд 1970 азы 6 февралы Цхинвалы кусӕгон бинонты. Ӕстӕм къласы фӕстӕ бацыд инӕлар-булкъон Константин Лесидзейы номыл скъола-интернатмӕ горӕт Тбилисы, цы ран фылдӕр хъусдард здӕхт уыд уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ ӕфсӕддон-физикон цӕттӕкӕнынадмӕ.

Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Владимир Путин раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн йӕ юбилейы цытӕн

1988 азы бацыд Ленины Комсомолы номыл Рязаны Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады (УДӔ) ахуыргӕнӕндонмӕ. Уыд ахуыргӕнӕндон ӕмӕ Псковы дивизийы чемпион ӕфсӕддон ӕрмбуар тохӕй.

Ахуыры фӕстӕ службӕ кодта Псковы уӕлдӕфон-десантон дивизийы, цы ран уыцы рӕстӕджы арӕзтой сӕрибар батальон фидауынгӕнӕн операцийы тыххӕй Хуссар Ирыстоны. 1922 азы уыцы батальоны сконды ӕрыздӕхт йӕ Фыдыбӕстӕмӕ. Уый фӕстӕ службӕ кодта Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты, цы ран командӕ кодта сӕрмагонд нысаниуӕджы ротӕйӕ.

1996-1998 ӕзты цардис ӕмӕ куыста Киевы.

1998-2008 ӕзты службӕ кодта цӕгатирыстойнаг фидауынгӕнӕн тыхты батальоны Хуссар Ирыстоны ротӕйы командӕгӕнӕджы бынаты, уый фӕстӕ та ссис батальоны командӕгӕнӕджы хӕдивӕг.

2008 азы августы активон хайад иста Гуырдзыстонимӕ хӕсты. Хӕсты рӕстӕджы райста дыууӕ цӕфы.

2008 азы октябры йӕ сӕвӕрдтой РХИ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сӕргълӕууӕгӕй. Ис ын инӕлар-лейтенанты ном.

2008 азы йӕ хъабатырдзинад ӕмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй хӕсты уӕлахизы йӕ схорзӕхджын кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх "Уацамонгӕ"-йы Орденӕй.

2011 азы сентябры Уӕрӕсейы Федерацийы президенты барамындмӕ гӕсгӕ йын радтой Хӕларады Орден стыр хайбавӕрды тыххӕй уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты райрӕзтмӕ.

2014 азы 23 июны йӕ равзӕрстой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты сӕргълӕууӕгӕй.

2017 азы апрелы йӕ равзӕрстой Хуссар Ирыстоны президентӕй, фыццаг туры райста ӕвзарджыты хъӕлӕсты 55 проценты.

Ис ын ус, цыппар хъӕбулы.

Ног хабӕртты лентӕ
0