Фермер: фосдарды куыстæн Хуссар Иры ис алы уавæртæ дæр

© Sputnik / Наталья АйриянФермæ Знауыры районы
Фермæ Знауыры районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фосдарды хæдзарад райтынг кæнын цалдæр азы размæ бафæндыд Знауыры район Убиаты хъæуы цæрæг Мамиты Альберты. Йæ амондæн, уыцы рæстæджы хицауад уынаффæ рахаста, цæмæй фермерон хæдзарад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн æрцæуа æххуыс

ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны фосдард чи кæны, уыдон нымæц фæстаг æзты бæрæг фæкъаддæр, хъæуты уадиссаг цæрджытæ кæй нал ис, уый аххосæй. Фæлæ хицауадæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады тыххæй кредиттæ чи исы хатырон уавæрты, уыдон дæр нæ фæнд кæнынц фермерон куыстытæ кæнынмæ. Экономикон райрæзты министрадмæ цы куырдиæттæ цæуы, уыцы бизнес-плантæ фылдæр сты хæлцадон продукты магазин æрбакæнын æмæ хъæрмуаттæ саразыны нысанæн.

 Цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Завод, куырой æмæ уæйы базæрттæ: цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд

Фосдарды хæдзарад райтынг кæнын цалдæр азы размæ бафæндыд Знауыры район Убиаты хъæуы цæрæг Мамиты Альберты. Зæрдиагæй йæ кæй фæндыд ацы хъуыддаг саразын, уый бæрæг уыд, йæхи фæрæзтæй уал цы сарæзта, уымæй дæр. Сарæзта фос кæм дардтаид, ахæм скъæт. Йæ ныййарджытæм цы цыппар стуры уыд, уыдон уал æрбакодта йæ фермæмæ. Хъуыдис фосы нымæц фæфылдæр кæнын æмæ Альберты амондæн уыцы рæстæджы хицауад уынаффæ рахаста, цæмæй фермерон хæдзарад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн æрцæуа æххуыс.Уый уыдис 2011 азы.

Мамиты Альбертæн дæр рахицæн кодтой 500 мин сомы æмæ дзы балхæдта 11 стуры. Афтæмæй йе стурты нымæц бæрæг фæфылдæр. Альберт фермерон куыст кæны йæ бинонты фæрцы, хæстæджытæй дæр æм чидæртæ сæ къух фæдаргъ кæнынц.

Альберт куыд зæгъы, афтæмæй фосдарды куыст ирон адæмæн фыдæлтæй фæстæмæ сæ туджы ис. Зæхкуыстимæ фосдарды куыст дæр сæ царды фæрæз уыд.

"Фосдард кæнынæн нæ республикæйы территорийыл кæд хорз уавæртæ ис, уæддæр цалынмæ фосдардмæ нæ бавналай, уæдмæ дæхи хъуамæ бафæрсай, уарзыс ацы хъуыддаг æви нæ. Бирæтæ фос скæнынц, фæлæ сæм æмбæлон хъусдард кæй нæ вæййы, уый фыдæй йын амæлынц. Дæ куыстæй, фыццаджыдæр, дæхи зæрдæ хъуамæ райа", - ахæм у йæ хъуыды Альбертæн.

Республикæмæ хъалмыхъаг фос куы æрластой æмæ сæ товарон кредиты хуызы куы лæвæрдтой, уæд уыдонæй Мамиты Альберт райста 51 сæры. Фæлæ ацы фосы мыггаг нæ климатон уавæрты, стæй ласгæ-ласын æфхæрд кæй баййæфтой уазæлтты, уый тыххæй нæ сæндидзыдтой. Цыппар сæры йын дзы куы амардис, уæд фæлтæрд фермер бамбæрста, уыдонæй кæй ницы пайда ис, æнæфтиаг сæ кæй фæуыдзæн æмæ сæ æвæстиатæй æрæвнæлдта æргæвдынмæ, сæ дзидза та сын ауæй кодта бынæттон базары. Сæ аргъæй сын балхæдта бынæттон стурты мыггагæй цалдæр сæры æмæ йын ныр йæ къух аразынц. Фермермæ ныртæккæ цы дуцгæ хъуццытæ ис, уыдон нымæц у 25. Иннæтæ та сты родтæ, дыгæрдгуытæ.

Фӕткъуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕргъиты Алан радзырдта хъӕууон хӕдзарадон продукцийы экспорты тыххӕй Хуссар Ирӕй

Æхсырæй ахсы цыхт, йæ сылы йын хæрын кæны хуытæн. Уыдон дæр ын дзæвгар уыдысты, фæлæ дыууæ азы размæ африкæйаг емынæ куы фæзынд, уæд ын аскъуыдысты æмæ сæ афтид абадт. Бынæттон ветеринарты фæрцы сын сæ бынат сдезинфекци кодта æмæ низæй тас куынæ уал уыд, уæд та дзæргъытæ дарын райдыдта.

Альбертæн йæ дæсныйад кæд ветеринар нæу, уæддæр сахуыр кодта ацы профессийы сусæгдзинæдтæ. Ныр йæ фосæн йæхæдæг аразы судзинтæ дæр, балхæны сын æнæмæнгхъæуæг хостæ æмæ цалынмæ нæ фæрынчын вæййынц, уæдмæ сын прививкæтæ саразы. Зымæгмæ сын æрцæттæ кæны фаг холлаг æмæ фос арвитынц сæ зымæг æдыхстæй. Æцæг, Альберт тыхсы, техникæйæ хъуаг кæй у, ууыл, фæкæсы йæм бынæттон "Агросервис", фæлæ уæддæр фермерæн хъуамæ уа йæхи сæрмагонд техникæ.

Ныртæккæ амалиуæггæнæджы йæ къух нæ амоны, цæмæй йæхи техникæйæ самал кæна. Хицауадæй цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдон фæстæмæ аздахинаг сты, фæлæ фидæны уыцы хъуыддаг йæ къухы куы бафта, уæд йæ фермерон куыст ноджы рауæрæхдæр кæндзæнис.

Ног хабӕртты лентӕ
0