ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Алан, вице-премьер Бекъойты Геннадий, таможнӕйон комитеты сӕрдар Цхуырбаты Мурӕт ӕрдзырдтой амалиуӕггӕнджытимӕ уавӕры тыххӕй, кӕцы фӕзынд таможнӕйон пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы.
Азы райдайӕны амалиуӕггӕнджытӕн, кӕцытӕ ласынц хӕлцадон продукттӕ Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ, ногӕй фӕзынд проблемӕтӕ цӕгатирыстойнаг таможнӕйыл.
"Фарст тагъддӕр аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй мах ацыдыстӕм Пятигорск ӕмӕ Мӕскуымӕ, цӕмӕй фембӕлӕм федералон профилон службӕтимӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст таможнӕйон органты ӕмвӕзадыл фарст нӕ аскъуыддзаг уыдзӕн, уый фӕдыл мах кусӕм алыгъуызон здӕхттыл, сорганизаци кодтам УФ хицауады сӕрдар ӕмӕ таможнӕйон комитеты къухдариуӕгады хсӕн ӕмархайд", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Парламенты спикер куыд радзырдта, афтӕмӕй фарсты фӕдыл кусынц Паддзахадон думӕ, Федерацийы совет ӕмӕ УФ Ӕдасдзинады советы разамонджытимӕ.
"Республикӕйы къухдариуӕгад Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй кусы ацы фарст аскъуыддзаг кӕныныл. Официалон фыстӕджытӕ арвыстам Мӕскуымӕ. Дзуапп нын хъуамӕ радтой ӕртӕ боны дӕргъы", - загъта Тадтаты Алан.
Таможнӕйон комитеты сӕрдар фидарӕй загъта, кӕй йын ис бастдзинад амалиуӕггӕнджытимӕ ӕмӕ сын цӕттӕ у ӕххуыс кӕнын алы фарсты дӕр.