Хицауады сӕрдар саргъ кодта Хуссар Иры фӕндагон службӕты куыстӕн

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæХицауады сӕрдар саргъ кодта Хуссар Иры фӕндагон службӕты куыстӕн
Хицауады сӕрдар саргъ кодта Хуссар Иры фӕндагон службӕты куыстӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуырисӕр ацыд республикӕйы автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты рабадт премьер Пухаты Эрикы хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банымадта автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитет ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы куыст 2019 азы рӕстӕмбисыл. Уый тыххӕй премьер-министр фехъусын кодта фӕндагон службӕты хыгъдлӕвӕрдон рабадтыл къуырисӕры, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты хыгъдон рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры раивтой фӕндагон унитарон куыстуаты сӕргълӕууӕджы

Амӕйразмӕ генералон прокуратурӕйы хыгъдлӕвӕрдон коллегийы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕг Дзӕгъиаты Уырызмӕг фехъусын кодта фӕндаг Синагур-Карзманы арӕзтады басгӕрсты фӕстиуджыты тыххӕй, кӕцыйы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой ӕнӕбындурон хӕрдзтӕ сӕдӕ милуаны бӕрц. Уый фӕстӕ автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты сӕрдар Гуыззыттаты Эдуард банысан кодта, прокуратурӕйы зылыны тӕрхонтӕ кӕй сты ӕнӕбындурон, уымӕн ӕмӕ проекттӕ ацыдысты экспертизӕ.

Фӕндагон уагдоны куыстыл дзургӕйӕ, Пухаты Эрик бахахх кодта куыстуаты архайды фиппаинӕгтӕ дӕр.

"Сымах стут фӕндагон куыстыты иунӕг уагдон республикӕйы, уый фӕдыл бафарст дӕр сымахӕй у фылдӕр. Хъӕуы лӕмбынӕгдӕр сгарын организациты, афтӕ ма цӕст дарын куыстыты бӕрцуат ӕмӕ гъӕдмӕ", - загъта уый.
© Пресс-служба правительства РЮО Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты хыгъдлӕвӕрдон рабадт
Хицауады сӕрдар саргъ кодта Хуссар Иры фӕндагон службӕты куыстӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты хыгъдлӕвӕрдон рабадт

Йӕ доклады комитеты сӕрдар Гуыззыттаты Эдуард радзырдта, "Дорэкспострой"-ы иумӕйаг ӕфтиаг 2019 азы уыд 766 милуан сомы, хӕрдзтӕ – 760 милуан 21 мин сомы, хъалонон фиддонтӕ – 44 милуан 61 мин сомы.

Комитеты сӕрдар банысан кодта, куысты сӕйраг фиппаинӕгтӕ кӕй сты хыгъдлӕвӕрдон документаци рӕстӕгыл кӕй нӕ цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕн дисциплинӕйы чысыл ӕмвӕзад.

Рабадты рӕстӕджы бахахх кодтой, 2020 азы "Дорэкспострой" кӕй нывӕнды сӕххӕст кӕнын фӕндаг Гуфта-Къуаисайы арӕзтад (ӕртыккаг этап), районон нысаниуӕджы фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ горӕт Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0