Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты Минводы турниры

© Из архива тренера Родиона КумаритоваХуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты Минводы турниры
Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты Минводы турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстæ ацæудзысты 20-23 февралы Минералон дæтты, йæ майдантыл тох кæндзысты 25 хуссарирыстойнаг спортсмены

ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ хайад райсдзысты горæт Минералон дæтты гом фыццагады.

Цхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры

Ерысты майдантыл стох кæндзысты 25 боксеры - республикæйы боксы алкæцы секциты хъомылгæнинæгтæ дæр, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы тренер Куымæридтаты Родион.

"Ерыстæм ацæудзысты боксертæ Цхинвал, Дменис æмæ Дзауы поселокæй. Спортсментæ сæ тыхтæ равдисдзысты æртæ уæзы категориты", - радзырдта тренер.

Уый ма банысан кодта, цхинвайлаг спортсментæ фарон дæр кæй архайдтой ацы ерысты.

Чысыл боксерты аннæ къорд та ралæудзæн Донецкы æхсæнадæмон турниры, кæцы райдайдзæн 19 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0