Хуссар Иры Нывгæнджыты цæдис хоны "Гом дуæртты" бонмæ

© Sputnik / Виталй РаднаевБитеты Аланы æрмадз
Битеты Аланы æрмадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Нывгæнджыты æрмадзты базонгæ уæвын уыдзæн адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан, сгуыхт нывæгæнджытæ Бигъуылаты Рудольф, Харебаты Ацæмæз æмæ æндæрты сфæлдыстадимæ

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдис хоны æрмадзтæм гом дуæртты бонмæ. Республикæйы зындгонд нывгæнджыты сфæлдыстадимæ базонгæ кæныны фадат бакодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ, фехъусын кодта Sputnik цæдисы хистæр Битеты Алан.

Мадзал ацæудзæн хуыцаубоны, Цхинвалы Нывгæнджыты æрмадзты.

Битеты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æрмадзтæ, равдыстон зал æмæ нывæзтытæ: Нывгæнджыты цæдисы ног хистæр йæ куысты тыххæй

"Фыццаг хатт аразæм гом дуæртты акци нæ æрмадзты. Хуыцаубоны, 23 февралы æмбисбон суазæг кæндзыстæм кæйдæриддæр бафæнда, уыдоны. Мадзалы фæлгæтты фадат уыдзæн базонгæ уæвын адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан, сгуыхт нывгæнджытæ Бигъуылаты Рудольф, Харебаты Ацæмæз æмæ æндæрты сфæлдыстадимæ", - загъта Битеты Алан.

Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты æрмадзтæ уæвынад кæнынц 13 коммунары уынджы 25 хæдзары. Бæстыхайы ис æдæппæтæй 18 æрмадзы, иуты дзы кусынц хицæн нывгæнджытæ, кæцыдæрты та нывгæнджыты династитæ æмæ бинонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0