00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты хӕцӕнгарзимӕ архайыны ӕмвӕзад

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты хӕцӕнгарзимӕ архайыны ӕмвӕзад
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты хӕцӕнгарзимӕ архайыны ӕмвӕзад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады полигоны ацӕудзысты ахуыртӕ, кӕцытӕ нывонд сты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сӕвзӕрды бонӕн

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонты тактикон ахуыртӕ хӕстон ӕхстимӕ ацӕудзысты 20 февралы уагдоны полигоныл, хъусын кӕны министрады пресс-секретарь Чехойты Инга.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайад хайад райсдзӕн ахуырыты Кавказ-2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайад хайад райсдзӕн ахуырты "Кавказ-2020"

Знон ӕфсӕддон полигоны ацыд ахуырты генералон репетици, цы ран хайад райстой уагдоны дӕлхайӕдтӕ. Ӕфсӕддонтӕ куыстой алыгъуызон хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл – цы фиппаинӕгтӕ сбӕрӕг кодтой, уыдон иууылдӕр аиуварс кодтой, банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Ӕфсӕддонты цӕттӕкӕнынад басгӕрста хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

"Хъахъхъӕнынады министрадӕн фадат ис сӕххӕст алы хӕслӕвӕрд дӕр, ӕмӕ мах уый хъуамӕ равдисӕм", - загъта министр.

Хӕстон ӕхстимӕ ахуыртӕ нывонд сты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бонӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сӕвзӕрды бонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0