ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы бавнæлдтой Нывгæнджыты цæдисы равдыстон залы цæлцæггæнæн куыстытæм. Хатæн ацы аз хъуамæ æнæмæнг æрфысым кæна дыууæ равдысты – ирон адæмы геноциды 100 азы æмæ Стыр Фыдыбæстон хæсты 75 азы цытæн мадзæлттæ, загъта Sputnik цæдисы сæрдар Битеты Алан.
Бæстыхай рагæй ис æдзæллаг уавæры, бахъыгдард ис 2008 азы хæсты рæстæджы дæр.
"Библиотекæ, ПККЗ "Чермен" æмæ æндæр бæстыхæйтты фойетæ нывгæнджыты куыстыты равдыстыты бынæттæ не ʻсты. Ацы аз та æнæмæнг хъавæм ауадзын равдысттæ ирон адæмы геноциды 100 азы æмæ Стыр Фыдыбæстон хæсты 75 азы цытæн. Ӕнæмæнг нæ хъæуы равдыстты зал" — загъта цæдисы сæрдар.
Куыстытæ æххæст цæуынц президент Бибылты Анатолий æрвылмæй цы фæрæзтæ хицæн кæны цæдисы куыстæн, уыцы фæрæзтæй.
"Зал уыд æвзæр уавæры. Цæмæй горæты æддаг бакаст ма хала, уый тыххæй йæ рæстæгмæ бамбæрзтам баннерæй, ныр уый айстам æмæ дзы бакодтам фæрсагтæ, зал фæрайдзаст ис. Цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ", — бафтыдта уый.
Уый ма банысан кодта, ног залæн арæзт æрцыд проект дæр, фæлæ арæзтад нырма Инвестицион нывæзты фидаргонд не ʻрцыд.