ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы цæгаттаг хай баззад æнæ донæй. Цхинвалмæ хæстæг доны хаххыл атыдтой коммуникацитæ, авари аиуварс кæныныл архайынц "Водоканал"-ы кусджытæ, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.
Дон æрлæууыд йæ цæуынæй Цхинвалы цæгаттаг микрорайонты, кæцытæ ифтонг цæуынц комкоммæ магистралон хахх "Едыс-Цхинвал"-æй.
"Мæскуыйаг микрорайоны аргъуанмæ хæстæг стыдтой коммуникацитæ, авари иуварс кæныны рæстæджы бахъуыд ахицæн кæнын донифтонгад", - загътой пресс-службæйы.
Уагдоны баныфсæвæрдтой, зæгъгæ, куыддæр куыстытæ фæуой, афтæ микрорайонтæ БАМ æмæ Мæскуыйагмæ ратдзысты дон æрвылбонон режимы.