Хуссар Иры афтектӕй айстой Гуырдзыстонӕй ӕнӕзакононӕй ӕрбаласгӕ хостӕ

© Sputnik / Валерий Титиевский /  Ахизын медиабанкмæАфтек
Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ МХМ фехъусын кодта, кӕй райдыдтой рейдтӕ афтектӕй гуырдзиаг фыстытимӕ хостӕ сисыны фӕдыл, кӕцыты уӕй кӕнын, хицауады барамындмӕ гӕсгӕ, тобӕгонд у республикӕйы территорийыл

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ссардтой столицӕйы афтектӕй иуы хостӕ, кӕцытӕ ӕнӕзакононӕй ӕрбаластой Гуырдзыстонӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ ӕнӕзаконон гуырдзыстойнаг продукци рабӕрӕг кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ ӕнӕзаконон гуырдзыстойнаг продукци рабӕрӕг кӕныны тыххӕй

"Оперативон кусджытӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы хостӕ ссардтой цхинвайлаг афтектӕй иуы. Сӕрмагонд амалиуӕггӕнӕг, Цхинвалы 39-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы фӕдыл бакодтой административон хъуыддаг", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, цауы фӕдыл ӕрмӕджытӕ барвитдзысты Цхинвалы тӕрхондонмӕ.

Амӕйразмӕ МХМ фехъусын кодта, кӕй райдыдтой рейдтӕ афтектӕй гуырдзиаг фыстытимӕ хостӕ сисыны фӕдыл, кӕцыты уӕй кӕнын, хицауады барамындмӕ гӕсгӕ, тобӕгонд у республикӕйы территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0