ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕнӕхъӕн 2020 азы уадздзысты рейдтӕ ӕнӕзаконон гуырдзыстойнаг продукци уӕй кӕныны цаутӕ рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны Генпрокуратурӕйы пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны 2006 азӕй фӕстӕмӕ тобӕгонд у Гуырдзыстонӕй ставд фос, дзидза ӕмӕ урсаджы продукци, алкоголон продукци, ӕнӕалкоголон нозт ӕмӕ минералон доны ӕрбаласт ӕмӕ реализаци.
"Хуссар Иры генпрокуроры барамындмӕ гӕсгӕ 2019 азы Ленингоры районы уагъд цыдысты басгӕрсттӕ, куыд ӕххӕст цӕуынц ацы домӕнтӕ, уый фӕдыл. Ленингоры районы хӕлцадон дуканиты рабӕрӕг кодтой Гуырдзыстонӕй ӕрбаласгӕ бӕгӕны, ӕнӕалкоголон нозт ӕмӕ минералон дон. Авд амалиуӕггӕнӕджы райстой фӕдзӕхстытӕ", - фехъусын кодтой Генералон прокуратурӕйы.
Республикӕйы Генералон прокуратурӕ бахӕс кодта районон прокурортӕн адарддӕр кӕнын басгӕрсттӕ, цӕмӕй ацы фадыджы ӕххӕст цӕуой законы домӕнтӕ.