ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Годжысаты Анна. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет дарддӕр ӕххӕст кӕны йӕ куыст Хуссар Ирыстоны хуымӕтӕг режимы коронавирусимӕ уавӕрмӕ нӕкӕсгӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik Комитеты кусӕг Тедеты Марина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг хицауады бадзырдмӕ гӕсгӕ Сырх Дзуар ласы адӕмы, кӕцыты хъӕуы медицинон ӕххуыс республикӕйы территорийӕ ӕддейӕ.
"Организацийы кусджытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц эпидемиологты барфыстытӕ", - фехъусын кодта Тедеты Марина.
Уый ма банысан кодта, Сырх Дзуар кӕй нӕ хӕссы бӕрндзинад гоймӕгты хъысмӕтыл, кӕцытӕ Комитеты ӕмархайдӕй ӕрыздӕхынц Хуссар Ирыстонмӕ хоскӕныны фӕстӕ.
"Рынчыны куы ӕрласӕм, уӕд Хуссар Ирыстоны хицауад скъуыддзаг кӕны, бакӕной йӕ карантины ӕви нӕ", - бахахх кодта Тедеты Марина.
Уымӕй дарддӕр, Сырх Дзуары комитеты минӕвар радзырдта, кӕй сын сын ис бадзырд Югосетпотребнадзоримӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ сын дезинфекци кӕндзысты сӕ службӕйон хӕдтулгӕтӕ.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.
Президенты барамындмӕ гӕсгӕ 18 мартӕй республикӕйы ахуырадон уагдӕтты бакодтой дыууӕкъуырион карантин.