Хуссар Иры уæрæсейаг æмбæстæгтыл нæ парахат кæны Уæрæсемæ бацыды тобæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры уæрæсейаг æмбæстæгтыл нæ парахт кæны Уæрæсемæ бацыды тобæ
Хуссар Иры уæрæсейаг æмбæстæгтыл нæ парахт кæны Уæрæсемæ бацыды тобæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы минæварады Хуссар Ирыстоны загътой, тобæгонд период - 18 мартæй 1 маймæ Хуссар Иры цæрджытæн сæ бон кæй уыдзæн бацæуын сæ бæстæмæ куыд уæрæсейаг паспортæй, афтæ уæрæсейаг æмбæстаджы фæсарæйнаг паспортæй дæр

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæй уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн ис, уыдонæн сæ бон у сæрибарæй цæуын Уæрæсемæ, сæ нымæцы æмбæстæгты уыцы къорд, кæцытæн ис æрмæст фæсарæйнаг паспорт, фехъусын кодтой Sputnik Уæрæсейы минæварады Хуссар Ирыстоны.

Хуссар Ирыстоны ФХМ 17 марты апарахат кодта Уæрæсейы минæварады хъусинаг, цы ран дзырд цыд, коронавирусæй бахизыны нысанæн Уæрæсе кæй æхгæны йæ арæнтæ фæсарæйнæгтæн.

Коронавирус расырдта хуссарирыстойнаг студентты Мæскуыйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирус "расырдта" хуссарирыстойнаг студентты Мæскуыйы университеттæй

"Уæрæсейы хицауады барамынд, кæцы аппарахат кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, сæ нымæцы дыууæ нотайы, хынцы æрмæст фæсарæйнаг æмбæстæгты. Уæрæсейы æппæт æмбæстæгтæн бæстæмæ бацæуыны бар ис, стæй ма фæсарæйнæгтæ, кæцытæн Уæрæсейы æдзух цæрыны бар ис, уыдон дæр цæудзысты æнæ цæлхдуртæй. Хуссар Ирæй уæрæсейаг паспорт кæмæн нæй, уыдонæн ахæм фадат нæй", - загъта Уæрæсейы минæварады кусæг Журов Александр.

Уый ма бафиппайдта, Уæрæсемæ цæугæйæ Уæрæсейы æмбæстæгтæй хуссарирыстойнаг хæдтулгæйыл чи цæуы, уыдонæн дæр хъуамæ проблемæтæ ма сæвзæра арæны сæртыл цæугæйæ.

Уæрæсейы хицауады барамындмæ гæсгæ, сæ бæстæмæ бацыд тобæгонд у фæсарæйнæгтæн 18 мартæй фыццæгæм маймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0