Хуссар Иры амалиуæгадты райрæзтæн ратдзысты хатырон кредиттæ

© Sputnik / Алексей КовалевБанк
Банк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны амалиуæгад райтынг кæныны тыххæй 2020 азы куырдиæттæ æмæ бизнес-плантæ чи æрбавдыста, уыдон сты 138 адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Экономикон райрæзты министрад апрелы райдайдзæн дæттын хатырон кредиттæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады фæдыл. Ныридæгæн къамис ахуыр кæны куырдиæттæ æмæ бизнес-проекттæ, фехъусын кодта Sputnik министрады кусæг Мамытаты Сослан.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд райсæн ис уæлбар кредит Хуссар Иры: депутаттæ бакуыстой законыл

Йæ ныхæстм гæсгæ, 14-æм январæй 14-æм февральмæ ист цыдысты куырдиæттæ чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады управленимæ, кæцы ис Экономикон рæзты министрады дæлбар.

"2020 азы куырдиæттæ æмæ бизнес-плантæ чи æрбавдыстой амалиуæгад райтынг кæныны тыххæй, уыдон сты 138, сæ фылдæр хай сты хъæууон хæдзарады сферæйæ. Бизнес-плантæ æвзæрст цæудзысты хъæлæсæппæрстæй. Рабадтмæ хуынд æрцæуынц амалиуæггæнджытæ сæхæдæг дæр, уыдонмæ лæвæрд фæцæуы алыхуызон фарстатæ", - загъта Мамытаты Сослан.

Уый ма лæмбынæг æрдзырдта 2020 азæн фонды бюджет иннæ азтæм абаргæйæ бæрæг кæй фæфылдæр.

"Ацы аз лæвæрд æрцæудзæн 27 милуаны æмæ 110 мин сомы, уый уыдзæн 2019 азы бюджетæй 3 милуан сомы фылдæр. Фарон, амалиуæгады нысанæн чысыл æмæ астæуккаг бизнескæнынæн кæд 59 бизнес-планæн æрцыд лæвæрд кредит, уæд ацы аз къамис хъавы уыцы нымæц фæфылдæр кæнынмæ", - бафтыдта уый.

Финансон фæрæзты гуырахст фæфылдæр кæнынимæ имæ ма фæкарздæр сты домæнтæ дæр.

"Президенты амындмæ гæсгæ мах бакуыстам хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй ног законыл. Уырдæм хаст æрцыд ахæм пункттæ, куыд контроль фæтыхджындæр кæнын фонды архайдыл, æмæ амалиуæгады фадыджы фидар рæзт сифтонг кæнын. Ацы ивындзинæдтæ æрмæст амалиуæггæнджыты хæрзиуæгæн арæзт не "рцыдысты. Уый ма ахъаз уыдзæн кусæгон бынæттæй сифтонг кæнынæн. Уыдон сæ куыстæй цы хъалонтæ фидой, уыдонæй та уæрæх кæндзæн республикæйы иумийаг бюджет", - загъта управление хистæр.

Хицауады бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кредиттæ бизнесæн: Хуссар Иры расидтысты конкурс амалиуæггæнджытæн

Ног законмæ ма ноджы хаст æрцыд ахæм пункт, кæцымæ гæсгæ ивгъуыд азты хатырон кредиттæ чи ахаста, уыдоныл эффективонæй контроль кæнæн уыдзæн. Уымæ та сæ хъус хъуамæ дарой канд амалиуггæнджыты æххуысы фонд нæ, фæлæ ма банк дæр. Кредиттæ нысанмæздæхтæй чи нæ хардз кæна, уыцы кредиторты ныхмæ та ист цæудзæн санкцитæ.

Конкурсон къамисы сконды ис Президенты дыууæ минæвар, фæйнæ уæнгы, Хицауад æмæ Парламентæй, Æхсæнадон æмæ амалиуæггæнджыты организациты минæвæрттæй дæр - фæйнæ адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0