ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны йæ куыст срæвдз кæндзæн хæдтулгæты шофырты бæрндзинады фæдзæхсты паддзахадон фирмæ ООО "ЮОГСК-Алания".
Ныридæгæн фирмæ уадзы цæттæгæнæн куыст, мæйы æмгъуыдмæ дæттын райдайдзысты фыццаг гæххæттытæ, фехъусын кодта Sputnik компанийы генералон директор Тедеты Рудольф.
Ивгъуыд куыри социалон хызæг Фейсбукы апарахат ис информаци, Хуссар Иры иунæг автофæдзæхсты компанийы кæй сæхæгдтой, уый фæдыл. Хæдтулæгæты хицæуттæ катай кодтой сæвзæргæ уавæры тыххæй.
"ЮОГСК-Алания" нæу коммерцион компани, акциты стыр хай у паддзахады. Регламентмæ гæсгæ, фæдзæхсты цауы 'рцыды рæстæджы финансон фæрæзтæ райсыны тыххæй хъæуы бавдисын къорд документы, уыдон нымæцы Паддзахадон автоинспекцийæ документтæ, цæмæй бæстонæй æмбарæм, кæй æрцыд ФТЦ. Стæй уый фæстæ нæ эксперттæ банымайдзысты хæрдзтæ", - загъта Тедеты Рудольф.
Уый ма бафтыдта, ныридæгæн фæдзæхсты хæрдзтæ кæй хизынц 40 мин соммæ.
"Хъæуы хъус æрдарын ацы фадыгмæ практикон æгъдауæй. Кæд нæ бон уа, уæд фиддонтæ кæндзысты фылдæр, уый баст у, цы финансон фæрæзтæ æмбырд кæна компани, уыимæ", - бафтыдта уый.
Компанийы бардарджыты ныхæстæм гæсгæ, автофæдзæхсты гæххæттытæ райдайдзысты дæттын апрелæй.
Хуссар Иры МХМ-йы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, цалынмæ автофæдзæхсты компани ма фæзына Хуссар Иры, уæдмæ Паддзахадон автоинспекци шофырты кæй нæ ивар кæндзæн ацы гæххæтты цухдзинады тыххæй.