Хуссар Иры медиктæ коронавирусы фӕзынды тыххӕй: нӕ фӕтыхсдзыстӕм

© Sputnik / Наталья АйриянТагъд ӕххуыс
Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik базыдта республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады, цал адӕймаджы суыдзӕн сӕ бон райсын, коронавирус Хуссар Ирыстонмӕ куы ‘рбахиза, уӕд

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстонмӕ коронавирус куы ӕрбахиза ӕмӕ куы апарахат уа, уӕд пайда кӕндзысты горӕты ӕмӕ районон рынчындӕтты фӕрӕзтӕй иууылдӕр, фехъусын кодта Sputnik Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-секретарь Битеты Ирина.

Абоны бон дунейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 190 мин адӕймаджы 158 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, аст мин адӕймагмӕ ӕввахс фӕмард сты.

Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад Хъахъхъӕнынады министрады фидарӕй загътой, республикӕйы медицинон уагдӕтты цӕттӕ кӕй сты коронавирусимӕ тохмӕ.

"Мах нӕ фӕтыхсдзыстӕм. Республикон рынчындоны ис 340 сынтӕджы, куы бахъӕуа, уӕд та ӕрбаздахдзыстӕм районон рынчындӕтты дӕр. Кӕнӕ сӕ уым схуыссын кӕндзыстӕм, кӕнӕ та ӕрласдзыстӕм сынтӕгтӕ Цхинвалы рынчындонмӕ. Инфекцион рынчындонӕн дӕр ис ахӕм фадӕттӕ – сӕдӕ адӕймагмӕ ӕввахс бацӕудзысты цыппӕрӕм уӕладзыгыл", - банысан кодта Битеты Ирина.

Афтӕ ма пресс-секретарь банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы ис рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕ, кӕцытӕ бахъӕудзысты коронавирусон пневмонийӕ уӕззау рынчынты.

Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дезинфекци ӕмӕ маскӕтӕ: куыд бандӕвта коронавирус Сырх Дзуары куыстыл Хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны абоны бон медикты хӕдзарон цӕстдарды бын сты 18 адӕймаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты бӕстӕтӕй, цы ран сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Ноджы ӕхсӕз адӕймаджы бакодтой стационарон карантины.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0