Дыууæ паспортимæ: цавæр цæлхдуртæ разыны Хуссар Иры цæрджытæн Уæрæсемæ балцы

© Sputnik / Наталья АйриянДыууæ паспортимæ: Хуссар Иры цæрджыты балц Уæрæсемæ
Дыууæ паспортимæ: Хуссар Иры цæрджыты балц Уæрæсемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæсарæйнаг æмбæстæгтæн 18 мартæй тобæгонд у Уæрæсемæ бацыд. Хуссар Иры цæрджытæй уæрæсейаг паспорттæ кæмæн ис, уыдон цæуынц æнæ цæлхдуртæй, проблемæтæ фæзынынц æрмæст автотранспорты баласты рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Уæрæсе фæсарæйнаг æмбæстæгтæн бæстæмæ бацыдыл тобæ куы сæвæрдта, уæдæй нырмæ фæзынд чысыл ивындзинæтæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Уæрæсемæ цæуыны фæткы. Банысангонд периоды æрмæст Хуссар Ирыстоны æмбæстæгад кæмæн ис, уыдонæн Уæрæсемæ бацæуæн нал ис, стæй ма фæивта бынæттон машинæты баласты фæтк дæр.

Уæрæсемæ 18 мартæй 1 маймæ бацæуыны фæтк бамбарын кодта Хуссар Иры паддзахадон æдсадзинады комитет.

"Уæрæсемæ бацыд тобæгонд у Хуссар Иры уыцы цæржытæн, кæцытæн нæй уæрæсейаг æмбæстагад, аннæтæ сæрибарæй цæуынц. Уæрæсемæ хуссарирыстойнаг регистрацион номыртимæ автотранспорты бахызт дæр цæуы æнæ цæлхдуртæй. Уый тыххæй арæнхъахъхъæнджытæн хъæуы бавдисын уæрæсейаг паспорт, хæдтулгæйы баласт аразгæйæ та таможнæйон контроль хъæуы рацæуын Хуссар Ирыстоны паспортæй", - фехъусын кодта ПӔКы пресс-службæ.

Уыимæ иумæ цыппæрæмы ног уавæрты фыццаг бæлццæттæ сæмбæлдысты проблемæтыл.

Хуссар Иры уæрæсейаг æмбæстæгтыл нæ парахт кæны Уæрæсемæ бацыды тобæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уæрæсейаг æмбæстæгтыл нæ парахат кæны Уæрæсемæ бацыды тобæ

"Куыд мæ фæдзæхстой, афтæ мæ дыууæ паспорт дæр мемæ айстон, фæлæ таможнæйы Уæрæсейы мидæггагон паспорт бавдыстон, уым та мын "пропискæ" разынд æмæ мæ фæстæмæ раздæхтой. Ӕз æй афтæ бамбæрстон æмæ цæуын хъæуы ирон æмæ фæсарæйнаг - "загранпаспорт"-æй", - загъта Козаты Руслан.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн æхсæнадон автотранспорт цæуы æнæ къуыхцыйæ.

"Махæн нæ автобустæ цæуынц штатон режимы, Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн арæны сæртыл хизгæйæ нæй проблемæтæ", - загъта Sputnik Автомобилон транспорты управленийы хистӕр Дудайты Альберт.

Уæрæсейы хицауады барамындмæ гæсгæ, сæ бæстæмæ бацыд тобæгонд у фæсарæйнæгтæн 18 мартæй фыццæгæм маймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0