Хуссар Иры тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ уадзыныл ӕмӕ паддзахадон кусджыты балцытыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ацыд республикӕйы Ӕдасдзинады советы рабадт, ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирус апарахат ма руадзыны мадзӕлттыл

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет 26 мартӕй сӕрмагонд барамынды онг тобӕ сӕвӕрдта республикӕйы территорийыл культурон-массон мадзӕлттӕ уадзыныл. Афтӕ ма паддзахадон службӕгӕнджытӕн нал ис гӕнӕн цӕуын фӕсарӕнтӕм, сӕ хистӕрад сын бар куы нӕ радта, уӕд. Ӕдасдзинады советы рабадт цыппӕрӕмы ауагъта президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктæ коронавирусы фӕзынды тыххӕй: нӕ фӕтыхсдзыстӕм

Уымӕй дарддӕр рабадтыл аскъуыддзаг кодтой фехъусын кӕнын Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ хизынц Уӕрӕсеимӕ паддзахадон арӕны сӕртыл хисӕрмагонд автотранспортыл, семӕ кӕй хъуамӕ уой РХИ ӕмӕ УФ паспорттӕ.

Афтӕ ма, Ӕдасдзинады совет радта рекомендаци уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕтты студенттӕн, кӕцытӕм нӕй УФ ӕмбӕстаджы паспорт, ма ‘рцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ, уымӕн ӕмӕ рӕстӕгмӕ тобӕ сӕвӕрдтой уӕрӕсейаг территоримӕ бацӕуыныл.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0